Æгъдауы таурæгътæ. Тых æмæ зонд. Зоратæ мæсыг куыд амадтой

Æгъдауы таурæгътæ
Рафыссын
Куырттаты нарæг комы, æрра Фыййаджы былтыл баззадис нырмæ зæронд мæсыджы калд. Диссæгтæ дзурынц уыцы мæсыгæй, таурæгътæ хæссынц йæ алфамбылай калд галуантæй.
Раджы кæддæр ам царди æлдар йæ рæсугъд чызгимæ. Алырдыгæй цыдысты курджытæ уыцы нæртон рæсугъд Дзерассæмæ — никæмæн лæвæрдта дзуапп.
Хъæбæр адæм уыдысты фыдæлтæ, — сфæнд ыл кодтой раскъæфын.
Йæ хъустыл æрцыди уыцы кой зæронд Сосланæн. Февзæрста æгас къæйджын комы, фидардæр цы ран у, уый.
Хилакъ-комæн йæ тæккæ нарæджы стыр хæхтæ кæм æрбацъист кодтой, Фыййаджы дон ма æрмæст æвзистау кæм ферттивы къæдзæхты астæуæй нарæг фæндагау, уым æрæвæрдта бындуртæ Сослан донæн йæ дыууæ былыл.
Дард æцæгæлон бæстæтæм фæцыдысты барджытæ дæсныты агурæг уыцы фидар самайынæн.
Дунейы хæрзтæ, алы хъæздыгдзинæдтæ ныббастой бæхджынтæ æнæкæрон диссаг дæснытæн — грекъæн. Фæцыдысты уыдон Сосланы галуан аразынмæ. Къорд азтæ рацыдис — амадтой æмæ амадтой фидар систæ грекъ.
Суанг Фыййагдоны сæрты æрбазылдтой уыдон стыр уæларвон хидау галуанæн йæ бын, æрцамадтой йæ иу кæроныл бæрзонд мæсыг.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0