Теркæй Туркмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Теркæй Туркмæ
Хъусут Булкъаты Михалы чиныг "Теркæй Туркмæ"-йы аудиоверсимæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

35. I. ЙÆ БÆРЗОНДДЗИНАД ЛОРИС-МЕЛИКОВ МИХАИЛ

35. I. ЙÆ БÆРЗОНДДЗИНАД ЛОРИС-МЕЛИКОВ МИХАИЛ
Рафыссын
Æхсынцъы æмæ цым дидин рафтыдтой. Хæхты фæхстæ фæхъулон сты. Дæттæ змæстæй цыдысты. Лорис-Меликов æмæ Куындыхаты Муссæйы сусæг нывæсты нырма иу къæм дæр нæ фæзынд. Мæнæ уалдзæг дæр æрбалæууыд, фæлæ Экмырзæты Тазайы тыххæй, чысыл хъаугъаты йеддæмæ, куы ницы æрбайхъуыст, уæд облæсты хицау байрад: Муссæйы хъуыды фæмæнг ис, фыййауы растады хабар æрымысгæ у, зæгъгæ. Уæддæр йæ хъус дардта æмæ æфсæддон зылды хицæутты дæр бафæдзæхста, цæмæй Тазайы алы къахдзæф нымадтаиккой.
Адæм сæхи цæттæ кодтой стыр балцмæ. Дзæуджыхъæуы базары къухбакæнæн нал уыд. Æртардтой Кæсæгæй дугъон æмæ уаргъласæн бæхтæ, Дагъыстанæй, стыр зымæджы фæстæ скъæтæй æддæмæ чи раирвæзт, ахæм къæсхуыргомау галтæ æмæ къамбецтæ, Цæцæн æмæ Мæхъхъæлæй — сæгътæ, фыстæ. Балцы цæуæн тæлтæг бæхты се ’взиствæлыст сæргътимæ ивтой уæзласæн бæхтыл, цæмæй сæ уæрдæтты баифтыгътаиккой стыр балцы цæугæйæ. Иннæтæ далысты, кæнæ сæгъты æмсæр æфсæн рæхыстæ домдтой, цæмæй фæндагыл уæрдæхтæ здухынæн ма бахъуыдаиккой æмæ фæстейæ ма баззадаиккой. Ивтой рагон хъыримæгтæ, кæрдтæ, хъаматæ, ома нырæй фæстæмæ ницæмæнуал бахъæудзысты. Рагацау кусæртытæ кодтой, цæхджын сæ æвæрдтой.
Шамилы мюридтæ хæсты иу æмæ дыууæ хатты нæ байстой се знæгтæй зынаргъ дзаумæттæ æмæ фос, фæлæ байсæггагмæ дæр кастысты æлгъæй, йæ хицаумæ йын куыд кастысты, афтæ... Уыцы мюридтæ ныр дæлæ уæрыччы аргъыл фæбыцæу сты æмæ сæ хъаугъа алыг кодтой хотыхæй нæ, фæлæ уæздан дзырдæй, хæстон лæджы æхсарæй нæ, фæлæ тыллæджы хъысмæтыл хъуыдыгæнгæйæ, арв æмæ хурмæ скæс-скæс цы хуымон фæкæны, уый æнкъарæнæй. Гъеныры йеддæмæ йæм никуы фæзынд цæцæйнагау, иронау, кæнæ мæхъхъæлонау зоныны бæллиц... Уæд ардыгæй хъусид æмæ зонид, дæлæ уыцы æнæдаст хæххонтæ, сæ сурдымæнтæ дымгæ, цæуыл уынаффæ кæнынц, уый.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ".
Ног хабӕртты лентӕ
0