Теркæй Туркмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Теркæй Туркмæ
Хъусут Булкъаты Михалы чиныг "Теркæй Туркмæ"-йы аудиоверсимæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

36. II. ЭКМЫРЗÆТЫ ТАЗАЙЫ ФЫН

36. II. ЭКМЫРЗÆТЫ ТАЗАЙЫ ФЫН
Рафыссын
Йæ хуыссæг фæхауд Тазайæн. Мæгуыр царды фыдæй йæ зæрдæ цы хæрамæй байдзаг, уый-иу ын фæскуывд фæрогдæр ис, фæлæ йын йæ уд Темырболат æмæ Махмуд сызмæстой æмæ йæ зикрмæ нал тардта. Йæ ахуыргæнджытæ йын йæ уд æмæ йæ зонды иу уагæвæрд сныв кодтой: дун-дунейы бæстастæу лæууы Стыр Хуыцау. Стыр Хуыцауæн йæ бархъомыс цæуы дун-дунейы тыгъдæдтыл, уый сæ уромы, уый фæрцы цæуы зæххы цъарыл цард, уый фæрцы раивы зымæджы уалдзæг, уалдзæджы сæрд, сæрды фæззæг æмæ уый фæндонæй уадзынц цот адæм æмæ фос. Афтæ амыдтой Тазайæн сих æмæ Кудзуты Бæчи, фæлæ февзæрд кæцæйдæр брутаг ирон лæппу æмæ йын комкоммæ дзуры: Таза, ды дæхæдæг дæ Хуыцау! Таза, ды æмæ дæ зæхх стут хуыцæуттæ æмæ кæрæдзийыл фидар хæцут!
Тазайæн йæ хъуыдыты уаг ныдздзортт-дзортт ласта, кæмдæрты дзы згъуыдтæ æмæ афтид бынæттæ фæзынд, æмæ мæгуыр сидзæр лæппуйæн йæ уды æмуæзад фæцудыдта. Нырхæндæг æмæ ныттызмæг ис, Арапхан æмæ йæм Албасты цæст бакæсын нал уарзта. Уæларвон æцæгдзинад агуырдта Таза æмæ йæ ссардта, Хеттеш-Кортмæ марынмæ цы дыууæ лæппуйы скодта, уыдонмæ. Зæххон æцæгдзинад дæуæй цæугæ у, Таза, дæуæй æмæ дæ хуызæн мæгуыртæй. Уый хуызæн æбуалгъ ныхæсты тыххæй Таза лæг амардтаид, фæлæ ныр йæ дæндæгтæ нылхъывта æмæ æмырæй хъуыста брутаг ирон лæппумæ, уымæн æмæ уый уыдис зæххон рæстдзинады хъæлæс.
Раст дзырдта брутаг лæппу: Туркмæ лидзыны хабар у уæларвон æцæгдзинад нæ, фæлæ зыд лæджы тырнынад æмæ Тазайы уырны; Стыр Хуыцауы нæ бафæндыдаид ахæм æцæгдзинад сныв кæнын: Кудзуты Бæчи, айс мæнæ дæхицæн мулк æмæ адæмы удты бархъомыс! Экмырзæты Таза, айс мæнæ дæхицæн гæвзыччы хызын æмæ Бæчийы фос хъахъхъæн. Нæ рацыдаид Уæллагæй ахæм дзырд: ныууадзут уæ бæстæ, уæ кувæндæттæ æмæ Туркмæ фæлидзут.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ".
Ног хабӕртты лентӕ
0