Херсоны фехъусын кодтой территориалон хъахъхъæнынады арæзтады тыххæй

© Sputnik / Константин Михальчевский /  Ахизын медиабанкмæХерсон
Херсон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 окт — Sputnik. Херсоны æфсæддон-граждайнаг администрацийы фехъусын кодтой территориалон хъахъхъæнынады къордты арæзтады тыххæй. Уый тыххæй хъусын кæны РИА Новости областы администрацийыл æнцойгæнгæйæ.
Ацы мадзæлттæ хъæуынц Украинæйы Гарзджын тыхты размæбырстæй бахъахъхъæнынæн.
"Нæлгоймæгтæн, кæцыты фæнды баззайын Херсоны, сарæзтæуыд фадат бахизын территориалон хъахъхъæнынады къордты скондмæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Администрацийы минæвæртты ныхæстæм гæсгæ, Херсон фидарæй хъахъхъæнынц тыхон структурæтæ. Проблемæтæ нæй Днепр цæугæдоны галиуварсмæ ацæуынæн дæр – цæрджытæн фадат ис цыфæнды рæстæг дæр ацæуын катертыл горæттæ Алешки æмæ Голая Пристаньмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0