Хуссар Иры УУМ æмæ МХМ фехъусын кодтой Цхинвалы зынгсирвæзты лыстæгдзинæдтæ

© Photo : Пресс-служба МЧС РЮОЦхинвалы зынгсирвæзт
Цхинвалы зынгсирвæзт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 окт - Sputnik. Цхинвалы Герцены уынгыл хисæрмагонд хæдзары зынгсирвæзты фæстиуæгæн бахъыгдард сты цыппар адæймаджы – уыдонæй æртæ сты реанимацийы. Раздæр хъусын кодтой, зынгсирвæзты фæстиуæгæн кæйамардысты дыууæ сывæллоны, кæцытæ уыдысты хæдзары.
Зынгсирвæзт æрцыд къуырисæры райсом 8 сахатыл. Цауы бынатмæ ацыдысты æхсæз зынгфæдисон къорды. Дыууæуæладзыгон хæдзар æнæхъæнæй басыгъд.
Зынгсирвæзт Цхинвалы хисæрмагонд хæдзары - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.10.2022
Дыууæ сывæллоны амардысты зынгсирвæзты рæстæджы Цхинвалы хисæрмагонд хæдзары
УУМ куыд хъусын кæны, афтæмæй ныртæккæ бæрæг кæнынц трагедийы аххосæгтæ. Иу версимæ гæсгæ, зынгсирвæзт гÆæнæн ис æрцыд газы ахъуызыды фæстиуæгæн.
Хуссар Ирыстоны МХМ фехъусын кодтой, зæгъгæ, зианбаййафджытæй æртæйæ, кæцытыл цæуы 19, 43 æмæ 70 азы, сты республикон медицинон центры реанимацион дæлхайады.
Ног хабӕртты лентӕ
0