Сæрмагонд службæтæ æрурæдтой Пятигорскы Исламаг Паддзахады фарслæуджыты

Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 окт — Sputnik. Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæ (ФÆС) æрурæдта Пятигорскы террористон къорд "Исламаг Паддзахад"-ы фарслæуджыты, уыдон фæнд кодтой спырх кæнын горæты полицийы хайад, хъусын кæны РИА Новости.
"Ставрополы крайы не ‘руагътой сæххæст кæнын террористон акт…Пятигорскы раргом кодтой æмæ æрурæдтой æхсæнадæмон террористон организаци ИГИЛ-ы фарслæуджыты архайд", - дзырдæуы Уæрæсейы ФÆС хъусинаджы.
Сæрмагонд службæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, террористон къорды сконды уыдысты Централон Азийы республикæты æмбæстæгтæ, кæцытæ фæсарæйнаг эмиссарты фæдзæхстæй хъуамæ спырх кодтаиккой горæты полицийы дæлхайад.
Басгæрсты рæстæджы уыдонмæ ссардæуыд бомбæйы компоненттæ æмæ "Исламаг Паддзахад"-ы символикæ. Афтæ ма сын сæ гаджетты ссардтой фыстæджытæ сæ куратортимæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0