Теркæй Туркмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Теркæй Туркмæ
Хъусут Булкъаты Михалы чиныг "Теркæй Туркмæ"-йы аудиоверсимæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

37. III. "МУХАРРЕМЫ ДÆСÆМ БОН ДÆР БАФÆЛВАРЫН ХЪÆУЫ"

37. III. "МУХХАРЕМЫ ДÆСÆМ БОН ДÆР БАФÆЛВАРЫН ХЪÆУЫ"
Рафыссын
Тазайы прокламацитæй иу Ичкерийы æфсæддон зылды хицаумæ бафтыд æмæ Цæцæны фæндæгтыл рацу-бацу фæзындæр ис, фæлæ Таза уыцы изæр йæхæдæг ныццыд Шалийы хъæумæ. Уырдыгæй дæр фервыста фидиуджытæ Урус-Мартанмæ, Гехмæ, Бердыкелмæ æмæ сидтис адæммæ, æнхъæлмæ уæм кæсын, æрцæут æмæ уын Иунæг Стыр Хуыцауы фæдзæхст раргом кæнон, зæгъгæ.
Алханты Махмуд йæ къæсы чысыл рудзынгæй Шалийæ Ганайты Актуллайы куы ауыдта, уæд дзы йæ цонджы рис айрох. Фæджихау, цы йæ æрхаста, зæгъгæ. Йемæ уыдысты Джебраил æмæ Чæлхи, уымæй чысыл æрсабыр ис Махмуд.
Хæдзармæ бацыдысты, артдзæсты раз зæххыл тыгъд зæронд гауызыл тымбылцъæгæй æрбадтысты æмæ бамыр сты. Ныхас цæмæй райдыдтаид, уый нæ зыдта Махмуд, стæй йæм Ганайты Актуллайы хуызæн кадджын лæджы разæй сдзурын дæр аив нæ каст. Йе ’нæнхъæлæджы æрбацыд æй фергъуыйау кодта, уымæн æмæ Актулла цытджын лæг уыд, стæй йæ алы балц уыд стыр хъуыддагимæ баст.
Ничи сæм хъуыста æмæ йын Актулла комкоммæ загъта йæ хъуыды: "Хеттеш-Корт нын цы ’рхæсдзæн, уый нæ зонын, фæлæ йæм цæуын, уымæн æмæ мюрид дæр фæллайы хæцынæй, стæй йæ нæ фæнды Туркмæ лидзын дæр. — Цæмæй сидзæр лæппуйæн йæ ныфс ма асастаид, уый тыххæй ма йæ ныхасмæ бафтыдта. — Таза, лæг у, æцæг раст мийыл чи хæцы, уый. Дывæр лæг та у, уыцы раст хъуыддаджы йе сæфт чи уыны æмæ йæ уæддæр уæгъд чи нæ уадзы, уый. Æз дывæр лæгдзинады æвварс дæн, Таза, æмæ дын райсом нæ алфамбылай хъæуты дзыллæтæн сыгъдæг хъуыраныл ард бахæрын кæндзынæн". — Сыстад зæронд мюрид æмæ Урус-Мартанмæ рацыд, цæмæй, цæуынæй цы фæндагыл бафæллад, уый тагъддæр аскъуыдаид æмæ йæм мауал хъуыстаид Туркмæ лидзыны кой.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ".
Ног хабӕртты лентӕ
0