Теркæй Туркмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Теркæй Туркмæ
Хъусут Булкъаты Михалы чиныг "Теркæй Туркмæ"-йы аудиоверсимæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

38. IV. КУДЗУТЫ БÆЧИЙЫ "ХÆРЗИУÆГ"

38. IV. КУДЗУТЫ БÆЧИЙЫ «ХÆРЗИУÆГ»
Рафыссын
О Иунæг хæрзиуæгджын Стыр Хуыцау, уый цытæ фехъусын кодтай Бæчийы хъустæн! Сыстæйдзаг фыййау дзыллæйы раз ралæууыд æмæ сиды: не сфæлдисæг мын мæ къухмæ мастисæн хотых радта, зæгъгæ! О Аллах, чи зоны, Бæчимæ дæ чъылдым фездæхтай æмæ уый хыгъд Экмырзæты Тазамæ ныццавтай дæ налмас цæсты рухс, уæд ын дæ фæндон бамбарын кæн æмæ йын æй ныдздзур йæ хъусы! Дæуæн дæ бон се ’ппæт саразын у, дæ алæмæты стъарцы иу банкъуыстæй бынтон ницæйаг æмæ сæрхъæн лæджы сæр дæр æвæджиау стыр хъуыдыты лагъз фестын кæндзынæ. Айразмæ Бæчи Харачойы хъæууынджы де ’ндæвд æмæ дæ ахадæн дæ иузæрдыг адæмы удтыл байзæрста æмæ дыууæ æгоммæгæс дзиглойы дурты бын фæцæйныгæнын кодта, фæлæ кæцæйдæр фæзынд Таза æмæ сæ байста.
Суаиппы арвитид Веденомæ, фæлæ уыцы къæрных булкъонæн радзурдзæн, æрмæст йæ цæстæй цы федта, уый. Бæчийæн та йæ уд æрдæгсахаты дæргъы хæрамæй байдзаг, æмæ йæ Веденойы куы нæ равдæлон кæна, уæд ын, чи зоны, атона. Хицаумæ йæхæдæг ныццæудзæн Бæчи æмæ йын радзурдзæн, пысылмон адæм кæд исты фæазымджын сты хицауы раз, уæд æй Экмырзæты Тазайæн бафидын кæн. Пысылмонты хæцын нæ фæнды. Уыдон фæнды Туркмæ алидзын!
Æрхуы тасы дон æркодта Бæчи, ламаздзыхъхъыл æрзоныгуыл кодта, æмæ йын Экмырзæты Таза йæ удыл цы тæригъæды чырс авæрдта, уый ссыгъдæг кæныны охыл Хуыцаумæ йæ тæрттæ суагъта.
— Ааа-ллл-ах, эк-бер! Ааа-лл-ах, эк-бер! — ныддаргъ-иу кодта уыцы иу дзырд.
Цыма йæ карæй иу-дæс азы аппæрста, афтæ срог ис йе онг фæскуывд. Хъæууынджы ничи зынд, кауы хуынчъытæй йæм сылгоймæгтæ кастысты, фæлæ пысылмон дуне йæ хъус кæд дардта сау кæрдæны бын æмбæхст рæстдзинадмæ! Йæ хæрæджы уд сыскъуыдта Бæчи, фæссихæртты Веденомæ бахæццæ ис Хуыцауы рæстдзинад агурæг молло.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ".
Ног хабӕртты лентӕ
0