Хусрæстæг: специалист Хуссар Иры тауæн кампани æрæгмæ райдайыны тыххæй

© Sputnik / Александр Поготов /  Ахизын медиабанкмæТауæн кампани
Тауæн кампани - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 окт – Sputnik. Ацы аз фæззыгон тауæн куыстытæ аргъæвтой республикæйы хусрæстæджы аххосæй. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта хъæууонхæдзарадон министрады зайæгойтæ æмæ механизацийы фæдыл дæлхайады хистæр Мулдарты Игорь.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, 2022 азы æруарыд цъус къæвдатæ, уый фæдыл ныры онг мæр уыд тынг хъæбæр.
"Мæр уыд хъæбæр, техникæйæн йæ бон нæ уыд аскъуыддзаг кæнын ацы проблемæ. Фæлæ æрæджы æрбацыдысты къæвдатæ, уавæр хуыздæр кæны. Тагъд рæстæджы мах æххæст бæрцæй бавналдзыстæм быдырон куыстытæм", - загъта дæлхайады хистæр.
© Sputnik / Наталья АйриянМулдарты Игорь
Игорь Мулдаров - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.10.2022
Мулдарты Игорь
Мулдарты Игорь бахахх кодта, зæгъгæ, фæззыгон быдырон куыстытæн хъæуы фидын.
"Механизацигонд куыстытæ быдырты æххæст кæны министрады дæлбар куыстуат "Ирагропромсервис". Ацы организаци æххæст кæны фидгæ лæггæдтæ, фæлæ паддзахадон субсидиты руаджы куыстыты аргъ у 50 проценты къаддæр, уымæй мах æххуыс кæнæм фермертæн" - радзырдта уый.
Мулдарты Игорь ма банысан кодта, министрадæн проблемæ кæй у, фермертæй кæцыдæртæ хъæууон хæдзарадон куыстытæн рæстæгыл кæй фидынц, уый.
Дæлхайады хистæр бафтыдта, зæгъгæ, фæззыгон быдырон куыстытæ уагъд цæудзысты æввахс мæйы дæргъы æмæ бахахх кодта, уыдон баст кæй уыдзысты боныгъæдыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0