Хуссар Иры журналисттæ фыццаг хатт хайад исынц форум "Диалог культур"-ы Санкт-Петербурджы

© freepikЖурналист
Журналист - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 окт — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны ДИФ-ты минæвæрттæ хайад исынц XVI Æхсæнадæмон медиафорумы "Диалог культур"-ы Санкт-Петербурджы.
РХИ информаци æмæ мыхуыры комитеты сæргълæууæджы хæдивæг Харебаты Мая куыд радзырдта, афтæмæй Цхинвалæй форуммæ ацыдысты ДИФ-ты цыппар минæвары – ПТРК "Ир" æмæ ИА "Рес"-æй. Уый бахахх кодта, Хуссар Ирыстон фыццаг хатт хайад кæй исы ацы форумы.
"Мах фæхуыдтой сентябры. Форум хъуамæ байгом уыдаид октябры райдайæны, фæлæ дунейы уавæр хынцгæйæ уый аргъæвтой фæстæдæр æмгъуыдмæ. Телеуынынады минæвæрттæ ахастой сæхи проект, информагентад та – фотоæрмæг", - радзырдта Харебаты Мая.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, форумы бакæндзысты фоторавдыст "Я здесь живу", цы ран сæ куыстытæ бавдисдзысты фото уацхæсджытæ æппæт дунейæ, сæ нымæцы ИА "Рес" журналист Хуыбиаты Зæринæ равдисдзæн йæ къамтæ, телеуынынады минæвæрттæ та бавдисдзысты проект "Путешествие по миру".
"Уырны мæ, призон бынæттæ кæй бацахсдзыстæм", - загъта комитеты сæргълæууæджы хæдивæг.
Ацы аз форум "Диалог культур" цæудзæн 24-26 октябры. Уым хайад исынц 250-æй фылдæр æвзонг журналисты, кæцытæ хъахъхъæнынц Хуссар Ирыстон, Абхаз, Азербайджан, Сомих, Беларусь, Гуырдзыстон, Казахстан, Киргизи, Таджикистан æмæ Узбекистаны кад, афтæ ма Уæрæсейы субъектты минæвæрттæ. Фыццаг хатт форумы куысты хайад исынц Донецкаг æмæ Луганскаг адæмон республикæты журналисттæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0