Цхинвалы æрцыд ФТЦ, зианбаййафджытæ дзы нæй

© Пресс-служба МВД РЮОЦхинвалы æрцыд ФТЦ
Цхинвалы æрцыд ФТЦ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 окт – Sputnik. Цхинвалы дыццæджы райсом æрцыд фæндагон-транспортон цау (ФТЦ), сæмбæлдысты хæдтулгæтæ Honda Elysion æмæ Лада Калина.
Республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй ФТЦ æрцыд Советон – Хъайтарты уынгты алвæндагыл 12.30 сахатыл.
"Сæмбæлдысты хæдтулгæтæ Honda Elysion æмæ Лада Калина. Цæфæй Honda афæлдæхт. Аварийы фæстиуæгæн ничи бахъыгдард. Хæдтулгæтæ райстой механикон цæфтæ", - банысан кодтой МХМ.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ бæрæг кæнынц аварийы аххосæгтæ.
© Пресс-служба МВД РЮОЦхинвалы æрцыд ФТЦ
Автомобиль перевернулся в результате ДТП в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.10.2022
Цхинвалы æрцыд ФТЦ
Ног хабӕртты лентӕ
0