Теркæй Туркмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Теркæй Туркмæ
Хъусут Булкъаты Михалы чиныг "Теркæй Туркмæ"-йы аудиоверсимæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

39. VI. ТОХЫ БОН ÆВИ ТУРКМÆ ЛИДЗÆН ФÆНДАДЖЫ СÆР

39. VI. ТОХЫ БОН ÆВИ ТУРКМÆ ЛИДЗÆН ФÆНДАДЖЫ СÆР
Рафыссын
Шалийы хъæу хъазахъхъ бацахстой æмæ йæм Махмудитæ нал баирвæзтысты. Балæбурыны фаг тых та сæм уæвгæ нæ уыд. Ганайты Актуллайы хæдзар басыгътой æмæ йæ фæздæг арвмæ калдис, кæрты сылгоймæгтæ змæлыдысты, сæ цъæхахст дардмæ хъуыст. "Æвæццæгæн, нал ис, баххуыс кæнын кæмæн хъуыд, уый!" Махмудæн йæ зæрдыл æрбалæууыд Актуллайы дысоны зарæг: "Æулæ-лæ-лæ-æ-æ!" Афтæ-иу зарыдысты Шамилы мюридтæ, сæ адзал-иу куы базыдтой, уæд. Сылгоймæгты хъарæг ын йæ зæрдæ ацарыдта, фæлæ сæм æввахс бацæуæн нæ уыд æмæ уайтагъд Харачоймæ раздæхт.
Цомахъ дардыл æрзылд, Хеттеш-Кортæй Цонторы хъæуы ’хсæн бабадт. Йæхимидæг хынцыдта: "Махмæ иу мыггагимæ дзурын зын у, иу хъæуимæ дзурын та ноджы зындæр, фæлæ комбæстимæ быцæу кæнын Хуыцауимæ быцæу кæнынæй хъауджыдæр нæу. Тазайæн æнæ ныддæрæн хос нæй, фæлæ Цомахъæн йæ цард Ичкерийы зылды пысылмонтимæ дзырддагæй куы баззайа, уæд ын йæ пъагæттæ дæр нал баххуыс кæндзысты. Фæлтау уал Таза йæхæдæг сагайæд хылы-мылы, стæй йын Цомахъ дæр нæ дардзæн йæ дæндагæй цырагъ.
Æрцъыкк кæнынæй куы уаид, уæд Цомахъ прапорщик Хату æмæ Арсаныхъойæ къаддæр не сарæхсид. Гоби кæнæ къуырма нæу наиб æмæ хаты: Хеттеш-Корт Гамар-Дукмæ æввахсдæр у, фæлæ булкъон Головачев, уым цы æфсад бадтис, уый йæ бынатæй нæ фезмæлын кодта æмæ Цомахъмæ барвыста фидиуæг: марадз, Тазамæ ды бабырс, зæгъгæ... Искæй къухæй тонынц пысыра...
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ".
Ног хабӕртты лентӕ
0