Бестауты Бала радзырдта хъæддаг хуыты миграцийы тыххæй Хуссар Иры территоримæ

© Sputnik / Natalia Airiyan Бестауты Бала
Бестауты Бала - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Знауыры районмæ хъæддаг хуыты миграци баст у хизæн бынæттыл. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта экологи, геологи æмæ æрдзæй пайдакæынады фæдыл комитеты сæрдар Бестауты Бала.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, кæд раздæр хъæддаг хуытæн хæрд нæ фаг кодта, уæд 2022 азы уыцы проблемæ республикæйы нал ис.
"Ацы аз хъæддаг хуытæн фаг ис гыркъотæ æмæ сабæлуттæ. Уый фæдыл мах уынæм хъæддаг хуыты миграци", - загъта комитеты сæрдар.
Эколог банысан кодта, зæгъгæ, хъæддаг хуыты миграцийы ноджы иу аххосаг у республикæйы цуан кæныныл тобæ æвæрд кæй ис, уый.
Хуссар Иры хъæдты фыццаг хатт ныссадздзысты сыбыраг кедры талатæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.10.2022
Хуссар Иры хъæдты фыццаг хатт ныссадздзысты сыбыраг кедры талатæ
Бестауты Бала бахахх кодта, ацы аз Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы тыххæй республикæйы нæ нывæндынц байгом кæнын цуаны сезон. Экологы хъуыдымæ гæсгæ, фидæны Хуссар Ирыстоны хъæддаг хуыты нымæц фылдæр кæндзæн.

"Мах иууылдæр хъуыды кæнæм, хъæддаг хуыты егъау популяци кæй цард Зонкъары æвæрд бынаты. Фæлæ, хъыгагæн, уыдон фæмард сты хуыты низы аххосæй. Ахæм цыдæр ногæй куы нæ ‘рцæуа, уæд республикæйы фæфылдæр уыдзæн хъæддаг хуыты нымæц", - банысан кодта уый.

Бестауты Балайы ныхæстæм гæсгæ, хъæддаг хуыты популяци фæфылдæр кæныны хъуыддаджы ахсджиаг момент у адæймаджы фактор.
Ног хабӕртты лентӕ
0