Æгъдауы таурæгътæ. Куыдзан æмæ Хуыдзионы аскъæфт. Багус æмæ Бага. Софиайы таурæгъ

Æгъдауы таурæгътæ
Рафыссын
Беджызатæ бирæгъы куы бастыгътой, уæд аскъуыдысты æмæ сæдых сты. Уæдæй фæстæмæ абоны онг дæр бирæгъ нал марынц.
Баззад ма дзы мыггагæн: Æхджер, Гуыдзой, Дохтæби, Джетæ æмæ æнахъом сывæллæттæ.
Уæд Æхджер баздæхт æмæ Тæхойы хъугомы зæхх Саулохтæн ауæй кодта. Йæхæдæг сыстад æмæ Дменисмæ афардæг. Дменисы азнауыртæ цардысты. Æхджер азнауыртæм æрцард, куыста сæм, æмæ йын кæрдзын лæвæрдтой.
Уый фæстæ Беджызаты Пепе куы рахъомыл, уæд наместник Воронцовмæ хъаст бахаста æмæ Саулохты Тæхойы хъугомæй фæтардта. Беджызатæй дæр ма чи баззад, уыдонæн дæр сæ зæхх радтой фæстæмæ. Саулохтæ уыцы маст бахастой æмæ Куырттатæй лæгтæ æркодтой.
Уæд Беджызатæн сæ чызг Куыдзан æмæ сæ чындз Хуыдзион хъæдмæ æхсæртæ тонынмæ ацыдысты. Саулохтæ сæ куы базыдтой, уæд сæ куырттатæгтæн аскъæфын кодтой æмæ сæ Кæсæгмæ уæймæ ахастой.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0