https://sputnik-ossetia.com/20221026/khussar-iry-dyuu-rayony-bavnldtoy-donkhrn-kanalt-ssygdg-knynm-19600383.html
Хуссар Иры дыууæ районы бавнæлдтой донхæрæн каналтæ ссыгъдæг кæнынмæ
Хуссар Иры дыууæ районы бавнæлдтой донхæрæн каналтæ ссыгъдæг кæнынмæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 26 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы æмæ Знауыры районты бавнæлдтой донхæрæн каналтæ ссыгъдæг кæнынмæ. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы... 26.10.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-10-26T10:07+0300
2022-10-26T10:07+0300
2022-10-26T11:41+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
знауыры район
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/56/96/569633_0:317:6017:3701_1920x0_80_0_0_816f166308af4ad9ca9a54ba5a47fce2.jpg
ЦХИНВАЛ, 26 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы æмæ Знауыры районты бавнæлдтой донхæрæн каналтæ ссыгъдæг кæнынмæ. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы хъæууонхæдзарадон министрады пресс-службæ.Куыстытæ уагъд цæуынц донхæрæн сезонмæ цæттæкæнынады фæлгæтты. Бадаты хъæуы куыстуат "Мелиорация"-йы кусджытæ сараздзысты ног канал, кæцы баххуыс кæндзæн бынæттон фермертæн мелиорациимæ.Паддзахадон куыстуат "Мелиорация"-йы директор Хуыгаты Владимиры ныхæстæм гæсгæ, куыстытæ сты зын, уымæн æмæ бирæ бырон калд цæуы каналтæм. Уый фæдыл счъиззи вæййынц донхæрæн системæтæ. Афтæ ма проблемæ у кусæгон техникæйы цухдзинад. Фæлæ, уагдоны сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, сыгъдæг кæнæн куыстытæ фæуыдзысты нысангонд æмгъуыдмæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/56/96/569633_330:0:5685:4016_1920x0_80_0_0_9d9dbc117261546fabade9f2072f940b.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, знауыры район
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, знауыры район
Хуссар Иры дыууæ районы бавнæлдтой донхæрæн каналтæ ссыгъдæг кæнынмæ
10:07 26.10.2022 (Ранӕуӕггонд: 11:41 26.10.2022) ЦХИНВАЛ, 26 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы æмæ Знауыры районты бавнæлдтой донхæрæн каналтæ ссыгъдæг кæнынмæ. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы хъæууонхæдзарадон министрады пресс-службæ.
Куыстытæ уагъд цæуынц донхæрæн сезонмæ цæттæкæнынады фæлгæтты. Бадаты хъæуы куыстуат "Мелиорация"-йы кусджытæ сараздзысты ног канал, кæцы баххуыс кæндзæн бынæттон фермертæн мелиорациимæ.
Паддзахадон куыстуат "Мелиорация"-йы директор Хуыгаты Владимиры ныхæстæм гæсгæ, куыстытæ сты зын, уымæн æмæ бирæ бырон калд цæуы каналтæм. Уый фæдыл счъиззи вæййынц донхæрæн системæтæ. Афтæ ма проблемæ у кусæгон техникæйы цухдзинад. Фæлæ, уагдоны сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, сыгъдæг кæнæн куыстытæ фæуыдзысты нысангонд æмгъуыдмæ.