Хуссар Иры УУМ радзырдтой хъармгæнæн ифтонгарзы эксплуатацийы фæтктыл

© Sputnik / Александр Кряжев /  Ахизын медиабанкмæГазы ифтонгарз
Газы ифтонгарз - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 окт – Sputnik. Зæронд электрохызæгтæ, афтæ ма электро æмæ газы хъармгæнæн ифтонгарзы æнæраст эксплуатаци сты зынгсирвæзтты æдасдзинады иууыл арæхдæр фехæлдтæ. Уый тыххæй Sputnik радзырдта зынгсирвæзтты æдасдзинадмæ хъусдарды сæйраг специалист Сланты Карина.
"Хъармгæнæн сезоны период фæфылдæр вæййынц газæй фæхъæстæйы цаутæ. Уый аххосаг арæхдæр вæййы хъармгæнæн ифтонгарзы æнæраст эксплуатаци. Газы ифтонгарз хъуамæ æвæрой сæрмагонд специалисттæ", - банысан кодта Сланты Карина.
Уый бахахх кодта, газы колонкæ ваннæйы æвæрын кæй нæ хъæуы, уымæн æмæ ахæм уавæры арæхдæр бахъыгдард вæййы адæймаг.
Сланты Карина ма банысан кодта, ацы аз кæй сбæрæг кодтой газæй фæхъæстæйы цыппар цауы. Уый ма радзырдта электро хъамргæнæн ифтонгарзы эксплуатацийы тыххæй дæр.
Афтæ ма уый радзырдта газы пец "Никала"-ы тыххæй, кæцытæй архæ пайда кæнынц цæрджытæ. Уыдон дæр хæссынц стыр тас адæмæн.
Ахæм пецтæ сæвæрыны тыххæй дæр хъæуы бадзурын специалисттæн, бафтыдта Сланты Карина.
Ног хабӕртты лентӕ
0