Уæрæсейы сбæрæг кодтой коронавирусы дыууæ ног варианты

© Sputnik / Евгений Одиноков /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 окт — Sputnik. Роспотребнадзоры сæргълæууæг Анна Попова фехъусын кодта, Уæрæсейы кæй сбæрæг кодтой COVID-19 дыууæ ног варианты, уыдонæй иу у "омикрон" штаммы хуызæг "цербер", хъусын кæны РИА Новости.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыдон дарддæр парахат кæндзысты бæстæйы.
"Ивгъуыд къуыри мах сбæрæг кодтам Уæрæсейы дыууæ ног геноварианты - BQ.1 и BQ.1.1 ("цербер")", - загъта Попова журналисттæн.
Уый банысан кодта, , кæй ис прогноз эпидемиологион уавæры райрæзтæн дыууæ ног варинаты апарахаты фæдыл.
Китайаг горæт Уханьы пневмонийы вирус апарахат 2019 азы декабры кæрон, йæ аххосаг ссис коронавирусы ног тип (2019-nCoV).
Ног хабӕртты лентӕ
0