Теркæй Туркмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Теркæй Туркмæ
Хъусут Булкъаты Михалы чиныг "Теркæй Туркмæ"-йы аудиоверсимæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

40. VII. БÆТÆХЪОЙЫ ТАУРÆГЪ ÆМÆ НОДЖЫ ИУ САСТ ÆХСАРГАРД.I. ФÆСТАГ ÆХСÆВ ÆМÆ ДОНХЪАЗЫ ЗАРÆГ

40. VII. БÆТÆХЪОЙЫ ТАУРÆГЪ ÆМÆ НОДЖЫ ИУ САСТ ÆХСАРГАРД
Рафыссын
Цахæмдæр хингонд згъуыды февзæрд Темырболат æмæ йын уырдыгæй æддæмæ рацæуын нал бантыст. Кæйдæр цæст йæ фæдыл зылдис æмæ йын йæ къахдзæфтæ нымадта. Кæй цæст уыд, кæй? Чи систа Темырболаты уд милмæ? Дзургæ йæм ничи кодта, фæлæ уыцы цæст æдзух йæ удæй æнкъардта. Цы йæ хъæуы, аудгæ йыл кæны æви дзы джидзæг скъæры? Махмудимæ куыд бадзырдтой, афтæ Тазайы растады æмгъуыдæй иу бон раздæр Гæбаитимæ æхсæвыгон ахъуызыд, фæлæ Мæхъхъæлы арæнтыл хъазахъхъæгтæ сæ разы слæууыдысты цырæгътимæ. Сæхи фæиувахс кодтой, фæлæ та уым дæр сæ разы судзгæ цырæгътæ февзæрд. Стæй рахизæрдæм фесхуыстой сæ бæхты. Уым дæр судзгæ къул сæ разы пиллон калдта.
Æвæццæгæн, мæ цæстыл фыны митæ уайынц, зæгъгæ, хъуыды кодта Темырболат, Судзгæ цырæгътæ сæм æввахсæй-æввахсдæр лæстысты æмæ æрхъула къуындæгæй-къуындæгдæр кодта. Цырæгъты тыбар-тыбурмæ гæзæмæ цы рихиджын цæсгæмттæ ферттив-ферттив кодта, уыдонмæ каст Темырболат æмæ хатыд: уыцы æппæтуынæг цæстытæ йын йæ балцы хъуыддагыл дон ауагътой, æмæ йæм райсом æнæхъуаджы æнхъæлмæ кæсдзысты Таза æмæ Алханты Махмуд. Цыма йыл егъау æрттиваг сарыхъхъ ныддæлгом чындæуыд æмæ йæ быны мæлдзыгау куыд рафт-бафт кодта, уымæ исчи йæ мидбылты худгæ каст, афтæ фенкъардта йæхи. Мæйдар æхсæвы, æхсидæвты йеддæмæ, ницы зынд. Фæстæмæ фездæхта Æрфæны, бæстæ куы бамыр, уæд Гæбаиты бафæдзæхста, дардыл æрзилæм æмæ Тазамæ Дагъыстанæй æрбацæуæм, зæгъгæ. Уым дæр та сæ разы февзæрд цырæгъты арт: "Цымæ мæн хъахъхъæнынц, æви Æлдадты зæронд Бæтæхъойы?.. Куы йын загътой, дæ хатæн дын раивтам, уыййеддæмæ сæрибар нæ дæ, зæгъгæ!"
Суанг райсоммæ фæрафт-бафт кодта, Уосмæн æй цыма нæ фиппайдта, афтæ дардта йæхи. Стæй райсом æхсæвыцъæхæй æнæнхъæлæджы Муссæ æрбацыд Гамзат æмæ дыууæ хъахъхъæнæджимæ. "Дысон ууыл дæр не ’рхæцыд хуыссæг, æвæццæгæн, уый дæр судзгæ цырæгъты цæст хъахъхъæдта!" джихæй каст йæ мадыфсымæрмæ Темырболат.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ".
Ног хабӕртты лентӕ
0