Æгъдауы таурæгътæ. Ног нымæт

Æгъдауы таурæгътæ
Рафыссын
— Мæ худинаг дæуæн йеддæмæ никæмæн зæгъын, дæуæй дарддæр нæ ацæудзæн, уый зонын, фæлæ йæ адæм куы фехъусой, уæд мын цæрæн нал и: ме ’мгæртты æхсæн мын ацæуæн нал уыдзæн, чызг мын нал бакомдзæн. Хъусыс, макæмæн æй зæгъ!
Уый уыдис фарон, тæккæ мæнæугæрдæны. Хуымдзаутæн кæрдзын сихормæ фаг нал уыдзæн, зæгъгæ, нæ зæронд уæрдоны бæхыл голлаг баппæрстон, абадтæн ыл æмæ кæрдзынмæ рацыдтæн. Раздæр мæ кæстæр æфсымæры æрвитынмæ хъавыдтæн, фæлæ, æвæццæгæн, лæгæн йæ ныв цы уа, уый йын æнæ баййафгæ нæй, — æмæ уый нал ауагътон, фæлæ мæхæдæг рацыдтæн.
Цалынмæ бинонтæ голладжы дзултæ æвæрдтой, мæхæдæг къæбæр хордтон, уалынмæ кæцæйдæр арвы нæрын ссыд. Батагъд кæнын хъæуы, мæхинымæр загътон, æмæ, бæхыл сбадынмæ куыд хъавыдтæн, афтæ мæм чындз фыдбылызау ме ’фсымæры дзыхъхъынног нымæт ралæвæрдта, куы уара, мыййаг, зæгъгæ.
Нымæт ме ’фцæджы баппæрстон, бæхыл сбадтæн æмæ, дзаг дзулты голлагыл хæцгæйæ, рацыдтæн. Хъæуæй дзæвгар куы рауадтæн, уæд мæм фæуырдыггæнæнæй фæндагыл барæг сзынди. Фæзы баиу стæм æмæ кæрæдзийæн салам радтам.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0