Хуссар Иры президент мæлæты фæстæ схорзæхджын кодта Уацамонгæйы Орденæй Цоциты Аланы

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Иры президент мæлæты фæстæ схорзæхджын кодта Уацамонгæйы Орденæй Цоциты Аланы
Хуссар Иры президент мæлæты фæстæ схорзæхджын кодта Уацамонгæйы Орденæй Цоциты Аланы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан схорзæхджын кодта Цоциты Резойы фырт Аланы паддзахадон хорзæхæй – Уацамонгæйы орденæй. Паддзахады сæргълæууæг бахахх кодта, номдзыд паддзахадон æмæ политикон архайæг, националон змæлд "Адæмон Ныхас"-ы лидер Цоциты Алан уыд Хуссар Ирыстоны паддзахады бындурæвæрджытæй сæ иу.
Политикон æмæ паддзахадон архайæг, историон зонæдты доктор, РХИ тырысайы аразæг, Хуссар Ирыстоны Уæлдæр советы сæрдары хæдивæг Цоциты Алан ахицæн йæ цардæй 76 азы кары 24 августы.
"Цоциты Алан уыд йæ адæмы æцæг патриот, номдзыд ахуыргонд, кæцы йæ царды азтæ снывонд кодта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады сæраппонд. Республикæйæн уæззау азты уый æрбаиу кодта æхсæнад æмæ у Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинады бындурæвæрджытæй сæ иу", - загъта президент.
Президенты бармындæй Цоциты Аланы схорзæхджын кодтой Уацамонгæйы орденæй (мæлæты фæстæ). Хорзæх радтой йæ фырт Цоциты Ацæмæзæн, кæцы Цоциты Аланы чызджы хъæбултимæ – Пæррæстаты Инал æмæ Анна-Марияимæ хайад райстой хорзæхкæныны церемонийы.
Цоциты Алан райгуырд Цхинвалы 1946 азы. 1970-æм азты куыста уæгъдибар хъæбысхæсты тренерæй, уыд истори, уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг.
1980-90 азты уыд æхсæнадон организаци "Адæмон ныхас"-ы разамонæг, кæцы активонæй тох кодта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады сæраппонд, бирæ куыста Хуссар Ирыстоны суверенитетæн политикон-барадон бындуры арæзтадæн.
Цоциты Алан куыста паддзахадон бынæтты дæр – уыд Хуссар Ирыстоны Уæлдæр советы сæрдары хæдивæг.
© Пресс-служба президента РЮОХуссар Иры президент мæлæты фæстæ схорзæхджын кодта Уацамонгæйы Орденæй Цоциты Аланы
Президент Алан Гаглоев наградил Алана Резоевича Чочиева орденом Уацамонга (посмертно) - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.10.2022
Хуссар Иры президент мæлæты фæстæ схорзæхджын кодта Уацамонгæйы Орденæй Цоциты Аланы
Ног хабӕртты лентӕ
0