Теркæй Туркмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Теркæй Туркмæ
Хъусут Булкъаты Михалы чиныг "Теркæй Туркмæ"-йы аудиоверсимæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

41. II. АЛХАНТЫ МАХМУДЫ ЦЫБЫР АМОНД. III.- IV. БАЛЦ ЦАРДЫ КÆРОНМÆ

41. II. АЛХАНТЫ МАХМУДЫ ЦЫБЫР АМОНД. III. СУСÆГ МИНÆВАРЫ ФÆСТАГ ХÆРЗИУÆГ. IV. БАЛЦ ЦАРДЫ КÆРОНМÆ
Рафыссын
Йедзаг уæрдæтты фарсмæ конд æртытæн сæ фæздæг арвмæ къæдзмæдзытæгæнгæ цыд. Цъæх кæрдæгæй æфсæст галтæ зивæгæй сынæр цагътой. Бæхтæ сæ къæдзилтæй бындзыты цъыкк кодтой. Чысыл Цæцæнæн сæ фылдæр рацыд. Наиб Османаты Садуллæ æд бинонтæ цыд сæ разæй.
Фыццаг къордимæ лидзынмæ чи хъавыд, уыдон иууылдæр Дзæуджыхъæуы горæтгæрон хъæугай ныххицæнтæ сты, афтæмæй æнхъæлмæ кастысты, цæуыны бар сын кæд радтаиккой, уымæ. Быдыры сæ уæрдæттæ хъулайæ баурæдтой, астæуæй æртытæ скодтой, æмæ ламазы фæстæ, æдзынæгæй бадгæйæ, аивгъуыйгæ хабæрттæ мысыдысты.
Дзæрæхохты Алхасты къорд æрбахæццæ ис лæууæнмæ. Алхаст Малсæгты Тепсайы рацагуырдта йæ цæстæй æмæ чысыл фæстæдæр, Назраны мæхъхъæл куы ’рбазындысты, уæд йæ зæрдæ барухс цæцæйнагæн. "Гъæй-дæ-гъæй, йе, куыд мæгуыр у адæймаг! Æвæццæгæн нæ не Сфæлдисæг хиталæгау тæнтъихæгæй сфæлдыста, æндæра мын цæмæн уыд æхсызгон ацы мæрдты фæндагыл Тепсайы фенд! Мæхæдæг ыл кæй лæууын, уый æгъгъæд нæу? — хъуыды кодта Алхаст. Мæхъхъæлоны цæсгоммæ бакæсгæйæ йæ зæрдæ фæрыст, цыма иу афæдз рынчын фæцис, уыйау ныффæлурс. Беслæныхъæуы ’рдыгæй фосы дзуг æрбацæйцыд, сæ фæдыл фæндаджы рыг калдис. Уæрдæтты цæлхыты хъыс-хъыс куы ’рбайхъуыст, уæд сæ бауырныдта, ирон мухаджиртæ дæр кæй æрбацæуынц, уый.
Æвæццæгæн, Муссæмæ æнхъæлмæ кæсæм æмæ нæ ам уымæн баурæдтой, зæгъгæ, балхынцъ кодтой зæронд лæгтæ. Сæ галты суагътой æмæ сæ хизæнмæ баздæхтой, уæрдæтты цæлхыты бын дыууæрдыгæй дуртæ бавæрдтой.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ".
Ног хабӕртты лентӕ
0