Уæрæсейы æфсæдтæ сæрмагонд операцийы райдайæнæй скуынæг кодтой 2356 украинæйаг дроны

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейы æфсæдтæ
Уæрæсейы æфсæдтæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 окт – Sputnik. Уæрæсейаг Гарзджын тыхтæ Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы скуынæг кодтой 2356 æнæпилотон тæхæг аппараты. Уый тыххæй хъусын кæны Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ.
Афтæ ма уыцы рæстæгмæ скуынæг кодтой 326 хӕдтӕхӕджы, 164 вертолеты, 383 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 6130 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 876 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3532 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 6823 иуӕджы.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0