Теркæй Туркмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Теркæй Туркмæ
Хъусут Булкъаты Михалы чиныг "Теркæй Туркмæ"-йы аудиоверсимæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

42. V. "ТАГЪД НЕ ’МДИН ÆФСЫМÆРТЫ ХÆРЗИУÆГ ДÆР БАВЗАРДЗЫНÆ, МÆ ХУР!" VI. САУ ДЕНДЖЫЗ

42. V. «ТАГЪД НЕ ’МДИН ÆФСЫМÆРТЫ ХÆРЗИУÆГ ДÆР БАВЗАРДЗЫНÆ, МÆ ХУР!»
Рафыссын
Хъуыбады æмæ Темырболат Дайраны комы сæрмæ баййæфтой лыгъдæтты æмæ брутæгтимæ сиу сты. Муссæ, дам, разæй фæцæуы, загъта Æна Темырболатæн. Ау, æмæ де ’фсымæримæ цæмæннæ цæуыс, зæгъгæ, афарста йæ мады, фæлæ уыцы фарстæй фыццаджы райдианы йæхи фæлывта, уымæн æмæ йын йæ ныййарæг цы загътаид, уый развæлгъау зыдта. Уый, æцæгдæр, йæхи бакъултæ кодта æмæ загъта: "Мæ сыхæгтæй хуыздæр хъысмæт хъæуы дæр никуы бацагуырдтон æмæ мæ фæндагыл дæр нæ хъæуы".
Æндæргау хылдис адæмы ’хсæнты, никæмæ дзырдта, ничи дæр ын йæхимæ дзырдта, афтæмæй бынты каст æнтъыснæг цæсгæмттæм. Æгæрыстæмæй йæ мад дæр не срæдыд æмæ йæ нæ бафарста: "Болат, кæм уыдтæ, цæмæн ма аззадтæ фæстейæ?" Кæд ацы балц Хуыцауы фæндон у, уæд цæуыл кæуынц утæппæт бæлццæттæ? "
Муссæ йæ бинонты фæразæй кодта. Уыдонæн сæ цыппæрдзæлхыджы бæхтæ ис ифтыгъд æмæ афонмæ, чи зоны, хохæй ахызтысты!.. Æнайы загъдау, йæ сыхæгтæй ма хъуамæ фæхицæн уыдаид! Кæннод иу бонцау фæразæй у, стæй та бауром æмæ дæ фæллад суадз, цалынмæ фæстейæ галты уæрдæттыл, хъизæмаргæнгæ, чи цæуы, уыдон дæ æрбаййафой, уæдмæ!.. Цæуæд, æз уыдон нал агурын!" Кæй агуырдта, уый ссардта æмæ, Муссæйыл хъуыды кæнгæйæ, йæ зæрдæйы цы уазал æнкъарæн фæзынд, уый айсæфт. Зарæ галты сæрбосыл хæцыд æмæ, йæ къæхты бынмæ кæсгæйæ, цыдис.
Рахизæрдыгæй Сæна рæдзæ-мæдзæ кодта. Йæ урс худы алыварс сау мигътæ змæлыдысты. Мигъты бардзæй йæ цъупп зындис, хуры тын хъазыд йæ уæлæ. Дæлейæ Терчы комы мигъы къуымбилтæ æрбацæйлæстысты, цыма бæлццæттæн сæ фæндаг сæхгæнынмæ хъавыдысты, уыйау.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ".
Ног хабӕртты лентӕ
0