Теркæй Туркмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Теркæй Туркмæ
Хъусут Булкъаты Михалы чиныг "Теркæй Туркмæ"-йы аудиоверсимæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

43. VI. САУ ДЕНДЖЫЗ. VII. ФÆНДАГ

43. VI. САУ ДЕНДЖЫЗ. VII. ФÆНДАГ
Рафыссын
Сау денджызæн йæ хъуын арц слæууыд. Здыгъуыз донæн мылазон мигътæ йæ уæлæ нындæгъдысты æмæ дæс къахдзæфæй фалдæр ницы зынд. Хохы йас уылæнтæ зæронд науы сæ уæлæ фелвæстой æмæ йæ цæллахъгæнгæ раскъæф-баскъæф кодтой. Йæ комы фынк калдта Сау денджыз, цыма йæ быны донбеттыртæ бабырыдысты æмæ йæ уыдон знæт кодтой. Дон-иу ранæй-рæтты снæрстис, уылæн-иу йæхи уæлвонг нал баурæдта æмæ-иу лæсæнау "Баязид"-ы фарсыл йæ тъæпп фæцыд. Зæронд нау къæс-къæс кодта. Адæм балконы дæлгоммæ ныккалдысты æмæ Хуыцаумæ куывтой. Фынк-уылæн науы фындз ныкъуырдта. Дон балконмæ æрбасæххæтт ласта æмæ дæлгоммæ калд адæмы йæ сæрмæ фелвæста. Цъах-цъах, æрдиаг, цъæхахст æмæ богъ-богъ фестад нау.
Науыхъил дыууæрдæм ратас-батас кодта æмæ знæт денджызæн йæ сæрæй куывта. Туркаг матростæ рафт-бафт кодтой.
Бонтæ æмæ азхыгъд схæццæ сты. Темырболаты зæрдыл ницыуал лæууыд. Тæвд змис ын йæ цæстытæ къахта æмæ уынгæ дæр ницы кодта. Сæ фæндаг кæдæм дарынц, уый бæлвырдæй ничи зоны æмæ йæ фæрсгæ дæр ничи кæны. Æниу кæй хъуамæ бафæрсай, кæм ис ам Хуыцауы сконд адæймаг, чи дын зæгъдзæн дæ фæндаджы уаг!
Цас рауад Терчы зæххæй куы рацыдысты уæдæй нырмæ? Цас сæ фæранхъæвз-банхъæвз кодта зæронд науы къуымты знæт денджыз? Кæдæй нырмæ сæ арауы Анатолийы змисбыдырты уыраугæ хур?
— Уæ, Муссæ, дæ хъæбул амæла! — æррайау богъ кæны зианы мад.
— Уæ, Муссæ, дæ хъæбул амæла! — тылдис Анатолийы быдыры ирон хъарæг.
Муссæмæ адæмы æлгъыст нæ хъуыст. Ууыл Хъарсы сахары Турчы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Али-Пашайы минæвæрттæ фембæлдысты æмæ Кавказы мухаджирты раздзæуæджы Стамбулы ’рдæм цытимæ акодтой.
Аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ".
Ног хабӕртты лентӕ
0