Фыццаг тыллӕг: Къуыдаргомы ӕмбырд кӕнынц картофы фӕлварӕн сагъды тыллӕг

© Sputnik / Илья Наймушин /  Ахизын медиабанкмæСбор урожая картофеля
Сбор урожая картофеля - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 31 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Къуыдаргомы дыууӕ амалиуӕгдары ӕмбырд кӕнынц картофы фӕлварӕн сагъды тыллӕг. Ӕвзӕр азмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, 1,5 гектарӕй райсдзысты 15 тоннӕйы бӕрц. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта фермертӕй иу Елойты Владимир.
Ленингоры районы Орчъосаны хъӕуы цӕрӕг Елойты Владимир йӕ къуаисайаг хӕлар Гӕджиты Тенгизимӕ иумӕ 2021 азы райдайӕны сӕ цӕст ӕрӕвӕрдтой хосгӕрдӕн Бубы зӕххытыл ӕмӕ дзы сфӕнд кодтой картоф ныссадзын.
"Стыр куыст бакодтой, ацы зӕххытӕ схъӕд сты ӕмӕ сӕ хъуыд ссыгъдӕг кӕнын. Бынатмӕ балыг кодтой фӕндаг, сарӕзтой донвӕд. Ацы зӕххытӕ сты альпаг быдыртӕ, дӕттынц экологион сыгъдӕг тыллӕг", - загъта горӕт Къуайсайы мэр Хуыгаты Алан.
© Sputnik / Илья Наймушин /  Ахизын медиабанкмæСбор урожая картофеля
Сбор урожая картофеля - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.10.2022
Сбор урожая картофеля
Ныридӕгӕн амалиуӕгдартӕ ӕмбырд кӕнынц тыллӕг. Цы зӕхх ссыгъдӕг кодтой, уымӕн ӕрмӕст йӕ иу хайыл ныссагътой фӕлварӕн парти.
"Хорз нӕм фӕкастысты Къуайсайы разамынд ӕмӕ Ирагропромсервис техникӕйӕ. Бакуыстам зӕххӕй ӕрмӕст 1,5 гектары. Нырма нӕ хӕццӕ кӕны зӕххы фадыгмӕ дон дӕр, фӕлӕ уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ тыллӕг ӕвзӕр нӕу. Аннӕ аз рауадздзыстӕм дон ӕмӕ нӕ сагъд зӕххытӕ скӕндзыстӕм 5 гектармӕ", - бафтыдта фермер.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕ тыллӕг у равзаргӕ ӕмӕ экологион ӕгъдауӕй сыгъдӕг.
"Нӕ тыллӕг ӕркодтам денджызы ӕмвӕзадӕй 2,150 бӕрзондыл. У сыгъдӕг экологион картоф",- бафтыдта Елойты Владимир.
Ног хабӕртты лентӕ
0