Хуссар Иры Хъӕды хӕдзарад фӕззыгон кампанийы ныссагъта сыфнӕзы, кедр, наз ӕмӕ цъуй

© Photo : PixabayЦъуй
Цъуй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 31 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны алы къуымты Хъӕды хӕдзарад фӕззыгон кампанийы фӕлгӕтты республикӕйы ныссагътой мохъо, кедр, цъуй ӕмӕ бӕлӕсты ӕндӕр мыггӕгтӕ, фехъусын кодта Sputnik Хъӕды хӕдзарады хистӕр Чилӕхсаты Таймураз.
Уагдоны кусджытӕ хъӕды фонд баххӕст кодтой сӕхи нывӕзтмӕ гӕсгӕ ӕмӕ экологион организаци "Аланты цъӕх бӕстӕ"-йы ӕмархайдӕй.

"Хъӕды хӕдзарады нывӕзтмӕ гӕсгӕ ӕрластам Ростовӕй цыппар мин хъырымаг нӕзы талатӕ. Уыдонӕн "цӕрӕн" бынат снысан кодтам Цхинвал-Ленингоры трассӕгӕрон, ансамбль "Симд"-мӕ хӕстӕг ӕмӕ Къусреты хъӕуы цур", - загъта уагдоны разамонӕг.

Уый ма бафтыдта, ноджы ма иу хай талатӕ та райстой экологион организацийӕ.
"Аланты цъӕх бӕстӕ"-йы уылты райстам 600 бын тала. Уыдон сты цъуй, сыбыраг кедр ӕмӕ сыфнӕзы. Ныссагътам сӕ Дзауы районы Шихантуры хъӕуы", - бафтыдта уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0