Хуссар Иры цæрджыты радон сфыст ацæудзæн 2025 азы – Паддзахадон статистикæйы разамонæг

© Sputnik / Ада БагианХуссар Иры цæрджыты сфыст
Хуссар Иры цæрджыты сфыст  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 31 окт — Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны цæрджыты сфыст ацæудзæн 2025 азы. Уый тыххæй Sputnik пресс-конференцийы рæстæджы фехъусын кодта паддзахадон статистикæйы дæлхайады хистæр Тыбылты Инал.
"Æхсæнадæмон стандарттæм гæсгæ, цæрджыты сфыст уагъд цæуы иу хатт дæс азмæ. Фæстаг сфыст 2015 азы кæй ацыд, уый фæдыл хъæуы цæттæ кæнын радон сфыстмæ. Фæнды мæ банысан кæнын, цæттæкæнынад æмæ информаци æмбырд кæнынæн хъæуы фылдæр рæстæг сфыстмæ абаргæйæ", - загъта дæлхайады разамонæг.
© Sputnik / Наталья АйриянТыбылты Инал
Инал Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.10.2022
Тыбылты Инал
Тыбылты Инал бахахх кодта, республикæйы цæрджыты нымæц кæй фылдæр кæны.
Тыбылты Иналы ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны регистрацигонд æрцыд минæй фылдæр æнæкуыст адæмы.
"Республикæйы кæд фарон регистрацигонд æрцыд 1843 æгуыст адæймаджы, уæд 2022 азы сæ нымæцы фæкъаддæр 1151-мæ. Гæнæн ис зæгъын, уавæр зынгæ кæй фæхуыздæр", - загъта уый.
Паддзахадон статистикæйы разамонæг банысан кодта, уагдон кæй æмгуыстад кæны уæрæсейаг коллегæтимæ.
Тыбылты Инал ма радзырдта фидæны нывæзтыты тыххæй æмæ бахахх кодта, Паддзахадон статистикæйы дæлхайады сæйраг хæслæвæрд кæй у фæфылдæр кæнын статистикон информаци æмбырд кæныны хуызтæ æмæ здæхтытæ.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, алкæцы паддзахадон орган дæр радты уагдонæн статистикон хыгъдлæвæрдтæ.
Тыбылты Инал бафтыдта, зæгъгæ, Паддзахадон статистикæйы бæрæггæнæнтимæ гæнæн ис базонгæ кæнын сайтыл кæнæ организацийы бæрæгуаты.
Ног хабӕртты лентӕ
0