Уæрæсейы ХМ фехъусын кодтой Украинæйы энергетикæйы объекттæ ногæй фехсыны тыххæй

© Sputnik / Валентин Капустин /  Ахизын медиабанкмæАэродром
Аэродром - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 31 окт — Sputnik. Уæрæсейы Гарзджын тыхтæ дарддæр æхсынц Украинæйы æфсæддон фæткдаруаты æмæ энергетикæйы системæтæ. Уый тыххæй хъусын кæны Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады (ХМ) пресс-службæ.
"Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхтæ дарддæр æхсынц иттæг дырыс хæцæнгарзæй Украинæйы æфсæддон фæткдаруат æмæ энергетикæйы системæйы объекттæ. Объекттæ иууылдæр фæцæф кодтой", - дзырдæуы хъусинаджы.
Афтæ ма иу суткæмæ Купянскы здæхты уæрæсейаг æфсæдтæ скуынæг кодтой 110-æй фылдæр украинæйаг æфсæддоны, иу танк, æртæ хæстон хæдтулгæйы, дыууæ пикапы æмæ дыууæ хæдтулгæйы. Лиманы здæхтыл знаг фесæфта 170 æфсæддоны, æртæ танчы, фондз хæстон хæдтулгæйы æмæ фараст хæдтулгæйы. Донецкы здæхты уæрæсейаг æфсæдтæ скуынæг кодтой 60-йæ фылдæр æфсæддоны, иу танк, дыууæ хæстон хæдтулгæйы æмæ дыууæ хæдтулгæйы.
Уымæй дарддæр иу бонмæ уæрæсейаг æфсæдтæ скуынæг кодтой цыппар украинæйаг æфтауцы хæстæрмæджытимæ.
Афтæ ма уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ æрыппæрстой 13 украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараты, залпон æхсты реактивон системæтæ HIMARS æмæ "Ольха" æмæ авд ракетæйы HARM.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 328 хӕдтӕхӕджы, 167 вертолеты, 2393 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 384 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 6213 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 879 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3540 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 6920 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0