Хуссар Иры Национ банк рауагъта фӕндзӕм сыгъзӕрин згъæрæхца

© Sputnik / Дзерасса ТеховаХуссар Иры Национ банк рауагъта фӕндзӕм сыгъзӕрин згъæрæхца
Хуссар Иры Национ банк рауагъта фӕндзӕм сыгъзӕрин згъæрæхца  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Национ банк рауагъта фӕндзӕм сызгъӕрин згъæрæхца адӕмон нывгӕнӕг Тугъанты Махарбеджы зындгонд куыст "Нарты куывд"-ы хуызистимӕ, фехъусын кодта Sputnik уагдоны директоры хӕдивӕг Санахъоты Лана.

"Тугъанты Махарбеджы конд ныв "Нарты куывд" у ирон хуызфыссынады бренд, номдзыд у куыд йӕ сфӕлдисӕджы ном, афтӕ. Йӕ бӕрцмӕ гӕсгӕ у егъау, фыст ӕрцыд Нарты кадджыты бындурыл. Уый у авторы фӕстаг куыст, бацӕттӕ йӕ кодта 1952 азы, уыцы аз ахицӕн ис йӕ цардӕй. Зӕгъӕн ис згъӕрӕхцайы рауагъд нысан у куысты ныффыссыны юбилеймӕ", - загъта уый.

Монетӕйы фӕсчъылдым конд у нывы миниатюрӕйӕ, уагъд ӕрцыд Санкт-Петербурджы, эскиз бацӕттӕ кодта уӕрӕсейаг нывгӕнӕг Дмитрий Федоров. Тираж у гыццыл. Уӕй дзы цӕудзӕн 16 экземпляры Цхинвалы.
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.11.2021
Дыууын ӕнусмӕ ӕввахс: Цхинвалы юбилеймӕ Хуссар Иры рауадздзысты ӕвзист монетӕ
"Мах фӕнд кӕнӕм рауадзын ноджы згъæрæхцаты сери, кӕцытӕ нывонд уыдзысты нывгӕнджыты куыстытӕн. Серийы ай у фыццаг. Иу сызгъӕрины аргъ у 215 мин сомы", - бафтыдта уый.
Уый ма бафиппайдта, ӕдӕппӕтӕй Национ банк 2013 азӕй рауагъта 29 монетӕйы, уыдонӕй фондз сты сыгъзӕрин, аннӕтӕ та сты ӕвзист.
Сызгъӕринӕй рацыдысты - "Августы 26", ӕмӕ сери инӕлартӕ - Плиты, Хетӕгкаты ӕмӕ Мамсыраты.
Ног хабӕртты лентӕ
0