https://sputnik-ossetia.com/20221101/tskhinvaly-atsaudzan-avzong-nyvganag-alborty-lirayy-personalon-ravdyst-19717983.html
Цхинвалы ацӕудзӕн ӕвзонг нывгӕнӕг Ӕлборты Лирайы персоналон равдыст
Цхинвалы ацӕудзӕн ӕвзонг нывгӕнӕг Ӕлборты Лирайы персоналон равдыст
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 1 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссары Ирыстоны столицӕйы фыццаг хатт ацӕудзӕн бынӕттон ӕвзонг нывгӕнӕг Ӕлборты Лирайы куыстыты равдыст. Адӕмы размӕ... 01.11.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-11-01T12:22+0300
2022-11-01T12:22+0300
2022-11-01T15:51+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
культурӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0b/01/19715671_0:673:2049:1825_1920x0_80_0_0_eb9f03c172fd75f9cef529d32d4a2686.jpg
ЦХИНВАЛ, 1 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссары Ирыстоны столицӕйы фыццаг хатт ацӕудзӕн бынӕттон ӕвзонг нывгӕнӕг Ӕлборты Лирайы куыстыты равдыст. Адӕмы размӕ рахӕсдзысты 40 нывы бӕрц. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта нывгӕнӕг йӕхӕдӕг.Ӕвзонг нывгӕнӕг ис 27 азы кары, фӕлӕ йын ӕнтысгӕ бирӕ бакодта. Уый у Цхинвал ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы равдыстты архайӕг.Ныридӕгӕн кусы Дзӕуджыхъӕуы, фӕлӕ чызг схъомыл ис Цхинвалы, райдайӕн нывгӕнӕн ахуырад дӕр райста ам Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон ахуыргӕнӕндоны, уый фӕстӕ адарддӕр кодта йӕ ахуыр Дзӕуджыхъӕуы. Иу рӕстӕг архайдта дарӕсы дизайны, рауагъта йӕхи пысултӕ этностилы.Чызг равдыстты архайы 2012 азӕй фӕстӕмӕ. Цхинвалы персоналон равдыст ацӕудзӕн ХИПУ-йы бӕстыхайы, Культурӕйы министрады хъӕппӕрисӕй, йӕ баконд нысан у 21 ноябрьмӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0b/01/19715671_0:481:2049:2017_1920x0_80_0_0_13e498b2f390a6f00e830a199329bbcb.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, культурӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, культурӕ
Цхинвалы ацӕудзӕн ӕвзонг нывгӕнӕг Ӕлборты Лирайы персоналон равдыст
12:22 01.11.2022 (Ранӕуӕггонд: 15:51 01.11.2022) ЦХИНВАЛ, 1 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссары Ирыстоны столицӕйы фыццаг хатт ацӕудзӕн бынӕттон ӕвзонг нывгӕнӕг Ӕлборты Лирайы куыстыты равдыст. Адӕмы размӕ рахӕсдзысты 40 нывы бӕрц. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта нывгӕнӕг йӕхӕдӕг.
"Мӕ куыстытӕй 40 бӕрц рахӕсдзӕн Цхинвалы мӕ фыццаг персоналон равдыстмӕ. Фыссын авангарды стилы",- загъта Ӕлборты Лира.
Ӕвзонг нывгӕнӕг ис 27 азы кары, фӕлӕ йын ӕнтысгӕ бирӕ бакодта. Уый у Цхинвал ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы равдыстты архайӕг.
Ныридӕгӕн кусы Дзӕуджыхъӕуы, фӕлӕ чызг схъомыл ис Цхинвалы, райдайӕн нывгӕнӕн ахуырад дӕр райста ам Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон ахуыргӕнӕндоны, уый фӕстӕ адарддӕр кодта йӕ ахуыр Дзӕуджыхъӕуы. Иу рӕстӕг архайдта дарӕсы дизайны, рауагъта йӕхи пысултӕ этностилы.
"Ныридӕгӕн кусын Дзӕуджыхъӕуы. Мӕ куыстытӕ бавдисын хисӕрмагонд ӕмӕ паддзахадон галерейтӕ ӕмӕ музейты. Мӕ нывты ис бирӕ ирд ахорӕнтӕ. Хуызты фӕрцы ыз ӕвдисын мӕ ӕнкъарӕнтӕ", - бафтыдта чызг.
Чызг равдыстты архайы 2012 азӕй фӕстӕмӕ. Цхинвалы персоналон равдыст ацӕудзӕн ХИПУ-йы бӕстыхайы, Культурӕйы министрады хъӕппӕрисӕй, йӕ баконд нысан у 21 ноябрьмӕ.