Бырон рацарӕзты компани министрӕдты ӕмӕ организациты ӕмбырд кӕны макулатурӕ

© AP Photo / Heribert ProepperМакулатура
Макулатура - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы уагдӕтты бырон сӕргай ӕмбырд кӕныны компани "Чистый мир" сӕвӕрдта сӕрмагонд бырондӕттӕ макулатурӕйӕн. Дыууӕ къуырийы размӕ сцъайдагъ ис куыст ӕмӕ йын ныр дӕр ис хорз фӕстиуджытӕ. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта компанийы минӕвар Къобесты Вилена.
"Хуссар Ирыстоны организациты ӕмӕ уагдӕтты мах сӕвӕрдтам сӕрмагонд бырондӕттӕ. Дыууӕ къуырийы размӕ райдыдтам ацы куыст ӕмӕ йын ис ӕнтыстджын фӕстиуджытӕ. Фыццаг этапы ахӕм макулатурӕйы бырондӕтты нымӕц уыдзӕн 25",- загъта компанийы минӕвар.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныридӕгӕн уал гӕххӕттӕн сӕрмагонд бырондӕттӕ ис къорд министрад ӕмӕ уагдоны. Сӕ нымӕцы Арӕзтады, Ахуырады ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрӕдты, компани Мегафоны, Паддзахадон телеуынынады, Ӕхсӕнадӕмон сырх дзуары комитеты офисы, пост ӕмӕ ӕндӕр уагдӕттӕ.
Бырондон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.12.2021
Компани "Чистый мир" фӕнд кӕны аласын 300 тонны бырон Хуссар Ирӕй 2022 азы
Компанийы минӕвар ма хъусдард аздӕхта сӕ куыстӕн кӕй ис хорз фӕстиуджытӕ, фӕлӕ кусынӕн уавӕртӕ сты мӕгуырау.
"Макулатурӕ цы агъуысты цӕуы пресс, уымӕн йӕ агъуыст тӕдзы, нӕй уавӕртӕ. Компанийӕн йӕхицӕн та уый бӕрц фӕрӕзтӕ нӕй, цӕмӕй сцалцӕг кӕной бӕстыхай", - бафиппайдта уый.
Къобесты Виленайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныридӕгӕн куыст цӕуы, цӕмӕй горӕты ӕмӕ районон центрты скъолаты ӕвӕрд ӕрцӕуой бырон хицӕнӕй ӕмбырд кӕныны ӕвӕрӕнтӕ.
"Урнӕты сӕвӕрыны куыстимӕ иумӕ скъоладзаутимӕ цӕудзӕн ӕмбарынгӕнӕн куыст дӕр", - бахахх кодта уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0