Хуссар Иры хицауад бахаста ивындзинæдтæ МХМ кусджыты службæйы æмгъуыд нымайыны фæткмæ

© Sputnik / Natalia AiriyanМСНК
МСНК - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад æртыццæджы бахаста ивындзинæдтæ уынаффæйы проектмæ, кæцыйы дзырд цæуы службæйы азтæ, пенситæ æмæ компенсациты бæрцыл гоймæгтæн, кæцытæ цыдысты службæ мидхъуыддæгты органты, æмæ сæ бинонтæн.
МХМ сæргълæууæг Гæззаты Валерий банысан кодта, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы хсæн пенсион ифтонгад фæдыл бадзырдмæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты органты кусджытæ, кæцытæн ис иудадзыг регистраци Уæрæсейы, лæууынц пенсион хыгъды уæрæсейаг Мидхъуыддæгты министрады (МХМ).
Фæлæ ныртæккæ гоймæгты фæдыл, кæцытæ цыдысты службæ МХМ сæрмагонд нысаниуæджы дæлхайæдты, рæстæгмæдарæн изоляторы, афтæ ма хæххон бынæтты, пенситы уæлбар нымад нæ æххæст кæнынц.
"Уыимæ иумæ, УФ нормативон-барадон базæйы анализ æвдисы, мидхъуыддæгты органты кусджытæм кæй хауы службæйы азты уæлбар нымад – службæйы мæй иу æмæ æрдæг мæймæ", - банысан кодта министр.
Гæззаты Валерий бахахх кодта, МХМ сæрмагонд дæлхайæдты кусджытæ æрвылбон кæй службæ кæнынц уæззау оперативон уавæрты æмæ афтæмæй æххæст кæнынц сæ хæслæвæрдтæ.
Министр бафтыдта, зæгъгæ, æрнывыл кæныны процедурæтæ ныридæгæн ацыдысты, республикæйы бюджетæй уæлæмхасæн финансон фæрæзтæ рахицæн кæнын нæ бахъæудзæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0