00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Хъырымы æрурæдтой украинæйаг службæты агенты, кæцы цæттæ кодта диверси электрохызæгтыл

Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 ноя — Sputnik. Хъырымы Федералон æдасдзинады службæйы (ФÆС) кусджытæ аиуварс кодтой украинæйаг сæрмагонд службæты диверси энергетикон инфраструктурæйы объектыл, хъусын кæны РИА Новости.
"Æрурæдтой 1978 азы гуырд Украинæйы æмбæстаджы, кæцы куыста украинæйаг сæрмагонд службæтыл", - дзырдæуы хъусинаджы.
Нæлгоймагмæ ссардæуыд æртæ рæмудзæн æрмæджы, сæ пайда кæнынæн инструкцитæ æмæ Хъырымы районтæй иуы электрохызæгты бынаты схемæ.
"Специалистттæ-энергетикты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, диверсийы фæстæ æнæ электроэнергийæ баззадаиккой фондз мин пайдагæнæгæй фылдæр, сæ нымæцы социалон ахсджиаг инфраструктурæйы объекттæ", - банысан кодтой ФÆС.
Цауы фæдыл бакодтой уголовон хъуыддаг.
Ног хабӕртты лентӕ
0