Уæрæсе сног кодта йæ хайадист хæлцадон бадзырды

© Sputnik / Денис Петров /  Ахизын медиабанкмæОдесса
Одесса - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 ноя — Sputnik. Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрад фехъусын кодта, УФ кæй сног кодта йæ хайадист стамбулаг хæлцадон бадзырды, уымæн æмæ райста æнæмæнгхъæугæ гарантитæ Украинæйæ.
"Сæ нымæцы, украинæйаг фарс баныфсæвæрдта, Денджызон гуманитарон къæлидорæй кæй пайда кæндзысты æрмæстдæр "Сауденджызон хъæппæрисы" уагæвæрдмæ гæсгæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Киев 1 ноябры ИНО æмæ Турчы æмархайдæй барвыста Иумæйаг координацион центрмæ гарантитæ, Сау денджызы гуманитарон къæлидорæй кæй нæ пайда кæндзысты хæстон архæйдтыты рæстæджы Уæрæсеимæ.
"Уæрæсейы Федераци нымайы, райсгæ гарантитæ фаг кæй сты æмæ сног кодта хæлцадон бадзырды реализаци, кæцы æрурæдтой Севастополы теракты фæстæ", - бафтыдтой уагдоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0