Хуссар Иры парламент балæууыд Паддзахадон Думæйы ныстуаны фарс Украинæйæ уавæры фæдыл

© Sputnik / Natalia Airiyan Парламент
Парламент  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны парламент цыппæрæмы сессийы рæстæджы балæууыд Уæрæсейы Паддзахадон думæйы ныстуаны фарс, цы ран уыдон хатынц Иугонд нациты организацийы Генералон Ассамблеймæ, Ӕхсæнпарламентон цæдисмæ, Европейы парламентмæ æмæ æндæр бæстæты закондæттæг органтæм дунейы стабилондзинад æмæ сабырдзинадæн цы тас хæссы Украинæ, уый тыххæй.
Депутатон корпус сразы ис ныстуаныл æмхъæлæсæй. Фарст уынаффæмæ рахаста парламенты вице-спикер Гасситы Петр.

"Хуссар Ирыстоны парламент ис æхсæнпарламентон цæдисы сконды. Ацы ныстуаны фæстæ парламенты профилон комитет бакуыста фарстыл æмæ бацæттæ кодта уагæвæрд", - загъта Гасситы Петр.

21 сентябры 2022 азы Паддзахадон Думæйы депутаттæ райстой сидт Европæйы стабилондзинад æмæ сабырдзинадæн цы тас хæссы Украинæ, уый фæдыл.Гæххæтты депутаттæ сидынц Генералон Ассамблеймæ, Ӕхсæнпарламентон цæдисмæ, Европейы парламентмæ, цæмæй саргъ кæной АИШ æмæ НАТО-йы æппæрццаг æндæвдадæн Киевы режимыл.
Суагъæ цæттæ æрцыд Паддзахадон думæйы сæрдар Вячеслав Володины хæслæвæрдмæ гæсгæ, йæ нысан у фæхæццæ кæнын дунемæ Уæрæсейы позици сæрмагонд æфсæддон операцийы фæдыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0