Хуссар Иры президент раарфæ кодта ÆРС кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Иры президент раарфæ кодта ÆРС кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн
Хуссар Иры президент раарфæ кодта ÆРС кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 ноя — Sputnik. Æддагон разысгæрсты службæ (ÆРС) егъау хайбавæрд хæссы республикæйы æдасдзинад сæххæст кæнынмæ, загъта президент Гаглойты Алан уагдоны кусджытимæ фембæлды рæстæджы.
Паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй фембæлды хайад райстой уагдоны сæргълæууæг Уарзиаты Алексей æмæ службæйы кусджытæ.
Президент банысан кодта æддагон разысгæрсты службæйы кусджыты егъау хайбавæрд бæстæйы æдасдзинад сæххæст кæнынмæ.

"Мах хъуыды кæнæм, цы фыдæбæттæ бавзæрстам, цæмæй райсæм хæдбардзинад. Æмæ абон уе ‘здæхты куыст у иууыл бæрнондæртæй иу. Республикæйы къухдариуæгад аргъ кæны уæ куыстæн", - загъта Гаглойты Алан.

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Иры президент раарфæ кодта ÆРС кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн
Президент Алан Гаглоев поздравил личный состав Службы внешней разведки с 19-летием со дня образования ведомства.  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.11.2022
Хуссар Иры президент раарфæ кодта ÆРС кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн
ÆРС разамонæг Уарзиаты Алексей банысан кодта, уагдоны кусджытæ дарддæр цæсгомджынæй кæй æххæст кæндзысты сæ службæйон хæслæвæрдтæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, æддагон разысгæрсты службæйы раз лæууынц ахсджиаг хæслæвæрдтæ, кæцытæ сæххæст кæнынимæ баст у нæ бæстæйы райрæзт.
Фембæлды рæстæджы фехъусын кодтой арфæйы тел Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæйы къухдариуæгады номæй, кæцы бакаст службæйы минæвар Хуссар Ирыстоны Евгений Рагозин.
Йæ коллегæтæн раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæргълæууæг Олег Ширан дæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0