https://sputnik-ossetia.com/20221103/khussar-iry-raystoy-venesuelayy-minvary-urseyy-khesus-salasar-velaskesy-19760379.html
Хуссар Иры райстой Венесуэлайы минæвары Уæрæсейы Хесус Саласар Веласкесы
Хуссар Иры райстой Венесуэлайы минæвары Уæрæсейы Хесус Саласар Веласкесы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 3 ноя — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны ацыд ФХМ фыццаг хæдивæг Цхуырбаты Андрей æмæ Венесуэлайы минæвар Уæрæсейы Хесус Рафаэль Саласар... 03.11.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-11-03T14:19+0300
2022-11-03T14:19+0300
2022-11-03T14:49+0300
хуссар ирыстоны
дунейы
ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны фхм
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0b/03/19758583_0:388:2730:1924_1920x0_80_0_0_99ed20089c118017377e43ef1968de10.jpg
ЦХИНВАЛ, 3 ноя — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны ацыд ФХМ фыццаг хæдивæг Цхуырбаты Андрей æмæ Венесуэлайы минæвар Уæрæсейы Хесус Рафаэль Саласар Веласкесы фембæлд. Фарсытæ æрдзырдтой дыууæ бæстæйы хсæн ахастытыл, афтæ ма Уæрæсейы ныхмæ санкцитæ æмæ АИШ-ы политикæйыл.Хуссарирыстойнаг фарс райста уазджыты æмæ равдыста цæттæдзинад æмгуыстадмæ. Афтæ ма фембæлды рæстæджы банысан кодтой экс-президент Уго Чавесы хайбавæрд дыууæ бæстæйы ахастыты райрæзтмæ.Веласкес та банысан кодта, разы кæй у позициимæ, кæцы ахсы Венесуэла дунейон аренæйы.Йæ ныхæстæм гæсгæ, Венесуэла ис карз санкциты бын АИШ æмæ цæдисонты рдыгæй.Веласкес бафтыдта, зæгъгæ, дыццæджы æрцыд историон цау – Колумби æмæ Боливарианаг Республикæйы президентты фембæлд. Минæвар банысан кодта, бирæ азты дæргъы уыдонæн Колумбиимæ нæ уыд ахастытæ АИШ-ы æндæвдады аххосæй паддзахадыл, фæлæ ног президенты равзæрсты фæстæ уавæр фæхуыздæр.Фембæлды кæрон Каракасы минæвар Венесуэлайы президент Николас Мадуройы номæй радта Цхуырбаты Андрейæн кады грамотæты копитæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0b/03/19758583_0:0:2730:2048_1920x0_80_0_0_8d59f852966da382838cb0193def49bf.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, дунейы, ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны фхм
хуссар ирыстоны, дунейы, ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны фхм
Хуссар Иры райстой Венесуэлайы минæвары Уæрæсейы Хесус Саласар Веласкесы
14:19 03.11.2022 (Ранӕуӕггонд: 14:49 03.11.2022) ЦХИНВАЛ, 3 ноя — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны ацыд ФХМ фыццаг хæдивæг Цхуырбаты Андрей æмæ Венесуэлайы минæвар Уæрæсейы Хесус Рафаэль Саласар Веласкесы фембæлд. Фарсытæ æрдзырдтой дыууæ бæстæйы хсæн ахастытыл, афтæ ма Уæрæсейы ныхмæ санкцитæ æмæ АИШ-ы политикæйыл.
Хуссарирыстойнаг фарс райста уазджыты æмæ равдыста цæттæдзинад æмгуыстадмæ. Афтæ ма фембæлды рæстæджы банысан кодтой экс-президент Уго Чавесы хайбавæрд дыууæ бæстæйы ахастыты райрæзтмæ.
"Команданте Уго Чавес уыд уыцы адæймаг, кæцыйы фæрцы райдыдта æхсæнпаддзахадон æмгуыстад æмæ æмархайд. Махмæ ис цалдæр бадзырды 2012 азæй, æмæ, гæнæн ис, уæ балцы фæстæ нæ бæстæты хсæн æмгуыстад райтынг уа", - загъта Цхуырбаты Андрей.
Веласкес та банысан кодта, разы кæй у позициимæ, кæцы ахсы Венесуэла дунейон аренæйы.
"Мах зонæм Уæрæсейы ныхмæ резолюциты фæдыл хъæлæскæнынады фæстиуджыты тыххæй, кæцытимæ Венесуэла разы нæу. Уый та нæ ноджы фылдæр æрбаиу кæны æхсæнадæмон фæзуатыл. Гæнæн ис æрцыд рæстæг равдисын æхсæнадæмон фæзуæттыл нæ иудзинад, æмгуыстад æмæ дунейы процессты иумæйаг уынынад. Алы бындуртæ дæр махæн уый фæдыл ис, сæ нымæцы документ Æхсæнадæмон политикон консультациты фæдыл", - банысан кодта минæвар.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Венесуэла ис карз санкциты бын АИШ æмæ цæдисонты рдыгæй.
Веласкес бафтыдта, зæгъгæ, дыццæджы æрцыд историон цау – Колумби æмæ Боливарианаг Республикæйы президентты фембæлд. Минæвар банысан кодта, бирæ азты дæргъы уыдонæн Колумбиимæ нæ уыд ахастытæ АИШ-ы æндæвдады аххосæй паддзахадыл, фæлæ ног президенты равзæрсты фæстæ уавæр фæхуыздæр.
Фембæлды кæрон Каракасы минæвар Венесуэлайы президент Николас Мадуройы номæй радта Цхуырбаты Андрейæн кады грамотæты копитæ.