Мыггæгты таурæгътæ. Тæгиаты равзæрд

Мыггæгты таурæгътæ
Рафыссын
Раджы кæддæр Сомихæй ралыгъд иу æлдар Тæгауыр [1], иронау æй хуыдтой Тæга. Иуæй-иутæ йæ паддзах дæр хонынц. Йемæ уыд иу курдаг, æмæ, таурæгъмæ гæсгæ, уымæй равзæрдысты куырттатæ. Лидзæг йæ ных сарæзта Иры бæстæм. Ныр Алагир кæм ис, уырдæм æрбафтыд æмæ Ксурты [2] йæхицæн галуан æмæ мæсыг сарæзта. Куыд дзурынц, афтæмæй йæ хæдзары хæлддзæгтæн ныр дæр ис фенæн, йæ дуары æфсæн тарвæзтæ уым сты абон дæр.
Ног бынаты дæр Тæга царди æлдары цардæй. Ус ракуырдта, æмæ йын уыд æртæ фырты: Камби, Тотыкк æмæ Зæгъæга. Фæстæдæр Тæга ралыгъд Дæргъæвсмæ, чи зоны, барвæндонæй, чи зоны, адæмы фыдæхæй. Дарддæр цы баци, уый ничиуал зоны.
Камбийæн уыд фырт — Знауыр. Знауырæн рацыд бирæ байзæддаг, æмæ уыдон Тотыччы цотимæ сты Тæгиатæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0