Парламент райста Юстицийы дӕлхайӕдты кусджыты пенсион ифтонгады фӕдыл закъоны проект

© Sputnik / Ада БагианЮстицийы хӕдзар
Юстицийы хӕдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны закъондӕттӕг орган цыппӕрӕмы сессийыл райста закъоны проект, кӕцы здӕхт у Юстицийы министрады ӕфхӕрдтытӕ ӕххӕст кӕныны дӕлхайады ӕмӕ тӕрхондоны пъырыстыфты службӕйы чи куыста ӕмӕ сӕ бинонты пенсион ифтонгады фӕдыл.
Фарст уынаффӕмӕ рахаста бынӕттон хӕдразамынады ӕмӕ закъондӕттынады комитеты сӕрдары хӕдивӕг Гаглойты Алан. Сессийы куысты хайад райста Юстицийы министр Гаглойты Олег дӕр.

"Дыууӕ органӕй иумӕ ныры онг пенсийы ацыд 26 адӕймаджы, ноджы ма ӕндӕрты дӕр фӕнды, фӕлӕ сын нӕй пенсион ифтонгад ӕмӕ социалон лӕггӕдтӕ. Ацы адӕм иу сом дӕр нырма нӕ райстой", - загъта Гаглойты Олег.

Уый ма бафтыдта, ацы закъон йӕ тыхы бацӕудзӕн 2024 азы райдайӕнӕй.
"Мах кусдзыстӕм, цӕмӕй ацы процесс фӕтагъд кӕнӕм", - бахахх кодта уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0