Къуыдаргом арвыста квадрокоптер сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы хӕстонтӕн

© SputnikКъуыдаргом арвыста квадрокоптер сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы хӕстонтӕн
Къуыдаргом арвыста квадрокоптер сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы хӕстонтӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 ноя— Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Къуыдаргомы цӕрджытӕ самал кодтой квадрокоптер DJI Mavic 3 сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы хайадисӕг ирон хӕстонтӕн, фехъусын кодта Sputnik горӕт Къуайсайы разамонӕг Хуыгаты Алан.
Сентябры Къуыдаргом хъавыд банысан кодта поселок Къуайсайӕн горӕты статус раттыны 15 азы юбилей. Уыцы рӕстӕг ацы комӕй рацӕугӕ лӕппу, сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы архайӕг фӕмард ис хӕсты цӕфты фӕстиуӕгӕн. Уӕд горӕты аскъуыддзаг кодтой хиирхӕфсӕн мадзӕлттӕ аивын, сӕ хӕрдзтӕ та аздахын ӕфсӕддонтӕн ӕххуысмӕ.

"Иу къуырийы размӕ арвыстам квадрокоптер DJI Mavic 3 нӕ хӕстонтӕн. Фӕрӕзты иу хай ӕрӕмбырд кодтой Къуыдаргомы цӕрджытӕ, сӕ хайбавӕрд бахастой цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады кусджытӕ. Йе 'ххусы гуырахст бахаста ацы комӕй рацӕугӕ амалиуӕгдар Хуыгаты Ростик дӕр", - загъта мэр.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, квадрокоптер арвыстой ӕфсӕддонтӕн.
"Йӕ фӕхӕццӕ кӕныны хӕс сӕхимӕ райстой Зассеты Болат ӕмӕ Хъӕцмӕзты Варладик", - бафтыдта уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0