Мыггæгты тох. Гнугъ æмæ Æгъуызатæ

Мыггæгты тох
Рафыссын
Дæргъæй-дæргъмæ Ныхасы дывæлдах бадтысты Æгъуызатæ æмæ цæуылдæр тæрхон кодтой. Кæстæртæй чи йæ цонг æмбондыл ауагъта, чи та дæрддзæф лæууыд, уайсадæг чындзау, æмæ хистæртæм афтæмæй хъуыста.
Уалынджы мæйрухс дæр скасти Къахыры хохæй, æмæ фæззыгон изæр райдзаст уыд.
Ныхасы адæмæн-иу сæ дзурын куы фемæхст, куы та-иу фæсабыр. Афтæмæй йæ дымæг нал скъуыд.
Æппынæрæджиау сыстад Ныхасы адæмæн сегасы хистæр æмæ загъта:
— Махæн нæ цард ницыуал у. Хисты æмæ нын куывды нуазæн нæ арммæ ничиуал ратдзæн. Нæ фæстаджы фæстæгтæ дæр фидиссагæн баззайдзысты адæмы ’хсæн, ацы æвыдон хъуыддаг нæ уæлæ куы ныууадзæм, уæд. Нæ сæрыл усы кæлмæрзæн ма ныккæнæм: кæнæ мæлæт, кæннод та нæ туг тугæй райсæм.
Ацы ныхасыл уæлдай ничиуал ницы загъта: иууылдæр æмхор-хор скодтой Ныхасы адæм, æмæ хъуыддаг аргъæвтой райсоммæ. Стæй райхæлдысты Ныхасæй, æмæ алчи йæ хæдзармæ фæцыдис.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0