Президент Гаглойты Алан радта къорд уагдоны кусджытӕн паддзахадон хорзӕхтӕ

© Sputnik / Natalia AiriyanПрезидент Гаглойты Алан радта къорд уагдоны кусджытӕн паддзахадон хорӕзтӕ
Президент Гаглойты Алан радта къорд уагдоны кусджытӕн паддзахадон хорӕзтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 ноя— Sputnik, Плиты Фатимӕ. Президент Гаглойты Алан схорзӕхджын кодта къорд уагдоны минӕвӕртты. Паддзахады разамонӕджы къухӕй бӕрзонд хорзӕхтӕ райстой паддзахадон университеты, Юстицийы министрады, Стандартизаци ӕмӕ метрологийы комитеты, фӕлхасгӕнджыты барты комитеты ӕмӕ Социалон фонды кусджытӕ.
Ӕппӕт ацы уагдӕттӕ ӕрӕджы банысан кодтой сӕ профессионалон бӕрӕгбонтӕ.
Фембӕлды райдайӕн паддзахады разамонӕг бузныджы ныхӕстӕ загъта ӕрӕмбырдуӕвджытӕн сӕ профессионалон архайды тыххӕй.

"Алчидӕр йӕ бынаты архайы Хуссар Ирыстоны хӕрзӕбонӕн. Арфӕ уын кӕнын, Хуыцау нын алкӕмӕндӕр балӕвар кӕнӕт ахӕм тых ӕмӕ хъару, цӕмӕй цин кӕнӕм алкӕй хорздзинадыл. Уӕт уын ӕнтыстытӕ уӕ архайды ӕмӕ царды", - загъта президент.

Фембӕлды рӕстӕджы хорзӕхкӕныны церемонийы агъоммӕ паддзахадон университеты ахуыргӕнӕнӕг Хъоцыты Жанна балӕвар кодта йӕ фундаменталон куыст, цы ран уый йӕ цӕгатирыстойнаг коллегатимӕ сахуыр кодтой демографийы фарстытӕ Ирыстоны.
© Sputnik / Natalia AiriyanПрезидент Гаглойты Алан радта къорд уагдоны кусджытӕн паддзахадон хорӕзтӕ
Награждение ко Дню Народного Единства  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.11.2022
Президент Гаглойты Алан радта къорд уагдоны кусджытӕн паддзахадон хорӕзтӕ
Церемонийы рӕстӕг уӕлдӕр ахуырады фадыджы йӕ куысты тыххӕй Кады орденӕй рахицӕн кодтой ХИПУ-йы ахуыргӕнӕг Басаты Левы, ноджы ма къорд кусӕджы та райстой сгуыхт экономист, юрист ӕмӕ ахуырады фадыджы сгуыхт кусӕджы нӕмттӕ. Ацы фондз уагдоны кусджытӕ ма хицӕн ӕрцыдысты майдан "В ознаменование Победы в Отечественной войне"-йы майдантӕ, Кады грамотатӕ ӕмӕ бузныджы гӕххӕттытӕй.
© Sputnik / Natalia AiriyanПрезидент Гаглойты Алан радта къорд уагдоны кусджытӕн паддзахадон хорӕзтӕ
Награждение ко Дню Народного Единства  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.11.2022
Президент Гаглойты Алан радта къорд уагдоны кусджытӕн паддзахадон хорӕзтӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0