Контролон-уадзæн пункт "Дæллаг Зæрæмæг"-ы реконструкци райдайдзæн 2023 азы

© Sputnik / Карина ГаглоеваКонтролон-уадзæн пункт "Дæллаг Зæрæмæг"
Контролон-уадзæн пункт Дæллаг Зæрæмæг  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 ноя — Sputnik, Гæбæраты Элина. Бирæварсон автомобилон пункт "Дæллаг Зæрæмæг"-ы реконструкци райдайдзæн 2023 азы, радзырдта журналисттæн Хуссар Ирыстоны паддзахадон таможнæйы комитеты сæргълæууæг Цхуырбаты Мурат.
Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты къуырисæры ацыд пресс-конференци Хуссар Ирыстоны паддзахадон таможнæйы комитеты сæргълæууæг Цхуырбаты Муратимæ. Ацы аз уагдоны бындурæвæрдыл сæххæст ис 30 азы.

"Цы информаци мæм ис, уымæ гæсгæ ног азæй фæстæмæ райдайдзæн контролон-уадзæн пункт "Дæллаг Зæрæмæг"-ы реконструкци, - банысан кодта уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, проект саразыныл куыстытæ ныридæгæн райдыдтой, æмæ "æвæццæгæн посты ауæрæх кæныны хъуыды реализацигонд æрцæудзæн фæндагон тагты фæдаргъ кæнын "назбæласон системæмæ" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0