Мыггæгты тох. Æгъуызатæ стæры куыд цыдысты. Æгъуызаты балц Рацъмæ

Мыггæгты тох
Рафыссын
Óсобайы рæстæджы Æгъуызаты мыггæгтæн тыхгæнæг тых нæ ардта. Балтæй цыдысты æмæ никæуыл ауæрстой. Тæлæт кодтой фос уæд, хор уæд, хæзнатæ уæд æмæ уацайрæгтæ. Се скъæфæггаг фостæ æмæ уацайрæгтæ Сыбайы уæрстой.
Абайты мыггаг мæлгъæвзаг уыдысты. Афтæмæй-иу Æгъуызатæ уарынмæ кæй æрхастой, уымæн-иу Абайтæ сæхи фæхицау кодтой æмæ-иу нæрдтæ æмæ фиуджын хæйттæ сæхи бакодтой.
Бирæ сын фæбарстой иннæ Æгъуызатæ, фæлæ сæ маст сæ хъуырæй куы скалди, уæд сын Гаглойтæ загътой: "Мах уемæ нал ацæудзыстæм хæтæны. Уæхуыдтæг цæут иунæгæй. Мах та уæ æмбæлæггаджы хай исдзыстæм Уанелы Тутыры бын".
Уæдæй фæстæмæ Гаглойтæ иннæ Æгъуызатимæ хæтæны нал ацыдысты, сæхи бар сæ ныууагътой.
Æгъуызатæ уæддæр сæ кæнон кодтой. Хæтыдысты æмæ рæгъæуттæ тардтой, фæлæ-иу сæ Уанелы фæзы Гаглойтæ æрцахстой æмæ сæ-иу æмбæлæггаджы хай райстой.
Иу хатт Æгъуызатæ стæр-балцы ацыдысты хъæу хæссынмæ. Сæ фæндаг акодтой Урстуалтыл, Бæрзæфцæгыл, æмæ Къобы хъæумæ балæбурдтой. Хъæу рахастой æмæ сæхи фæндагыл нал раздæхтысты, фæлæ Тырсыйы комыл рацыдысты — хъуамæ уыцы комы хъæуты дæр рахастаиккой.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0