Стыр хæзна: Гаглойты Алан "Южный сад" куыстуаты тыххæй

© Sputnik / Мария СанакоеваГаглойты Алан фембæлд РЦИ-Алани æмæ "Южный сад"-ы бындурæвæрджытæй иу Тотоонты Александримæ
Гаглойты Алан фембæлд РЦИ-Алани æмæ Южный сад-ы бындурæвæрджытæй иу Тотоонты Александримæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 ноя – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Куыстуат "Южный сад" у стыр хæзна Хуссар Ирыстонæн. Уый тыххæй президент Гаглойты Алан фехъусын кодта къуырисæры РЦИ-Алани æмæ "Южный сад"-ы бындурæвæрджытæй иу Тотоонты Александримæ фембæлды рæстæджы.

"Фæнды мæ бузныг зæгъын Хуссар Ирыстонмæ инвестицитæ кæй хæссут, сæйраджыдæр, хъæууон хæдзарады къабазмæ. "Южный сад" уæрæх кæны. Уый руаджы фæзындзæн ног куысты бынæттæ, афтæ ма хъалонон фиддонтæ", - загъта Гаглойты Алан.

Президент банысан кодта, "Южный сад" кæй у цæвиттон инвестортæн, афтæ ма бахахх кодта, республикæйы къухдариуæгад алцыдæр кæй араздзæн, цæмæй ахæм проекттæ фылдæр кæной.
Тотоонты Александр бузныг загъта республикæйы къухдариуæгадæн æххуысы тыххæй.

"Нæ цæдисонтæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад æмæ адæм куы уой, уæд мах сæххæст кæндзыстæм алы хæслæвæрд дæр. Фæнды мæ бахахх кæнын, "Южный сад" даддæр кæй райтынг уыдзæн. Мах нывæндæм фæфылдæр кæнын проекты бæрц дыууæ хатты. Нæ тыллæджы бæрцуат дыууæ хатты фæфылдæр уыдзæн. Уый руаджы та фылдæр кæндзысты куысты бынæттæ дæр", - загъта уый.

Фембæлды кæрон Тотоонты Александр радта Гаглойты Аланæн зæрдылдарæн лæвар.
Ног хабӕртты лентӕ
0