Уӕлахиз ӕмӕ фондз ӕмсӕр тохы: Цӕгат Иры шахматисткӕ радта ӕмрӕстӕджы хъазты сеанс Цхинвалы

© Sputnik / Фатима ПлиеваДжыгкайты Артур
Джыгкайты Артур - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Спорты мастермӕ кандидат, Цӕгат Ирыстоны чемпионкӕ Танделаты Ирина Цхинвалы радта ӕмрӕстӕджы хъазты сеанс 20 доскайыл Хуссар Ирыстоны кӕстӕр фӕлтӕры шахматисттӕн, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Иры Федерацийы разамонӕг Саулохты Георгий.
Танделаты Ирина у ЦКФЗ призер ӕмӕ шахматон скъола "Феномен"-ы тренер. Мастер ӕмӕ кӕстӕр курдиатджын фӕлтӕры фембӕлд ацыд Шахматты Федерацийы ӕмӕ Россотрудничествойы минӕвӕрады хъӕппӕрисӕй.

"Хуынд ӕрцыд Спорты мастермӕ кандидат, Цӕгат Ирыстоны чемпионкӕ, ЦКФЗ призер ӕмӕ шахматон скъола "Феномен"-ы тренер Танделаты Ирина. Уый радта ӕмрӕстӕджы хъазты сеанс 20 доскайыл Хуссар Ирыстоны курдиатджын сывӕлӕттӕн", - загъта Саулохты Георгий.

Фӕсивӕдӕй фондзӕй сӕ хъӕзтытӕ ахицӕн кодтой ӕмдыхӕй, иу дзы ссис уӕлахиздзау.
"Ӕрмӕст Джигкайты Артур рамбылдта йӕ фембӕлд мастеримӕ, Уанеты Валерия, Чилӕхсаты Вадим, Тедеты Максим, Наниты Дауыт ӕмӕ Михаил Логочев сӕ фембӕлдтӕ ахицӕн кодтой ӕмдыхӕй", - бафтыдта уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0