https://sputnik-ossetia.com/20221108/andity-soslany-nomarn-turnir-dzudzhykhuy-sbrg-kodta-iuuyl-khuyzdr-khbysykhtsdzhyty-19834401.html
Андиаты Сосланы номарæн турнир Дзæуджыхъæуы сбæрæг кодта иууыл хуыздæр хъæбысæйхæцджыты
Андиаты Сосланы номарæн турнир Дзæуджыхъæуы сбæрæг кодта иууыл хуыздæр хъæбысæйхæцджыты
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 8 ноя — Sputnik. Дзæуджыхъæуы фæцис олимпиаг хъæзтыты дыууæ хатты чемпион Андиаты Сосланы номарæн Æппæтуæрæсейон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй, хъусын... 08.11.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-11-08T10:01+0300
2022-11-08T10:01+0300
2022-11-08T10:24+0300
цӕгат ирыстон
ног хабӕрттӕ
спорт
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/34/02/340245_0:288:3408:2205_1920x0_80_0_0_6ad5362976b9cf05a0451cccaaa8ea7f.jpg
ЦХИНВАЛ, 8 ноя — Sputnik. Дзæуджыхъæуы фæцис олимпиаг хъæзтыты дыууæ хатты чемпион Андиаты Сосланы номарæн Æппæтуæрæсейон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службæ.Нысангонд æрцыд, хайад дзы кæй райстой 300-йæ фылдæр хъæбысæйхæцæджы.Дæс уæзы категорийы уæлахиздзаутæ æмæ сæ тренертæ райстой фæйнæ 100 мин сомы. Æвзист æмæ бронзæйон призертæ райстой фæйнæ 50 æмæ 30 мин сомы.Афтæ ма Хуыбылты Аленæн – уæззау уæзы категорийы чемпионæн, кæцыйы архайдта легендарон Андиаты Сослан дæр, турниры спонсорæй - DZIOV FAMILY GROUP-æй – радтой хæдтулгæ. Ноджы ма хæдтулгæйы хицау баис Гобайты Артем.Олимпиаг хъæзтыты дыууæ хатты чемпион Андиаты Сосланы номарæн Æппæтуæрæсейон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй ацыд Аланийы Дзуарæфтыдыл 1100 азы сæххæсты бæрæгбоны фæлгæтты. Турниры организатортæ уыдысты УФ спорты министрад, РЦИ-Аланийы спорты министрад, Уæрæсейы спортивон хъæбысхæсты федераци æмæ РЦИ-Аланийы спортивон хъæбысхæсты федераци.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/34/02/340245_389:0:3408:2264_1920x0_80_0_0_029842404ca5eb187aefdd2bc06b613e.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, спорт
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, спорт
Андиаты Сосланы номарæн турнир Дзæуджыхъæуы сбæрæг кодта иууыл хуыздæр хъæбысæйхæцджыты
10:01 08.11.2022 (Ранӕуӕггонд: 10:24 08.11.2022) ЦХИНВАЛ, 8 ноя — Sputnik. Дзæуджыхъæуы фæцис олимпиаг хъæзтыты дыууæ хатты чемпион Андиаты Сосланы номарæн Æппæтуæрæсейон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службæ.
Нысангонд æрцыд, хайад дзы кæй райстой 300-йæ фылдæр хъæбысæйхæцæджы.
"Сæ уæзы категориты уæлахиздзаутæ ссисты Гобайты Артем (57 кг), Тæуитты Чермен (61 кг), Уалыты Эльбрус (65 кг), Уалыты Чермен (74 кг), Уалыты Радик (79 кг), Найфонты Артур (86 кг), Черткоты Гурам (92 кг), Джиоты Жорик (97 кг) æмæ Хуыбылты Ален (125 кг), - дзырдæуы хъусинаджы.
Дæс уæзы категорийы уæлахиздзаутæ æмæ сæ тренертæ райстой фæйнæ 100 мин сомы. Æвзист æмæ бронзæйон призертæ райстой фæйнæ 50 æмæ 30 мин сомы.
Афтæ ма Хуыбылты Аленæн – уæззау уæзы категорийы чемпионæн, кæцыйы архайдта легендарон Андиаты Сослан дæр, турниры спонсорæй - DZIOV FAMILY GROUP-æй – радтой хæдтулгæ. Ноджы ма хæдтулгæйы хицау баис Гобайты Артем.
"74 килограммы уæзы категорийы уæлахиздзау Уалыты Чермен райста 100 мин сомы олимпиаг хъæзтыты дыууæ хатты чемпион Фадзайты Арсенæй, кæцы архайдта ацы уæзы категорийы", - банысан кодтой пресс-службæйы.
Олимпиаг хъæзтыты дыууæ хатты чемпион Андиаты Сосланы номарæн Æппæтуæрæсейон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй ацыд Аланийы Дзуарæфтыдыл 1100 азы сæххæсты бæрæгбоны фæлгæтты. Турниры организатортæ уыдысты УФ спорты министрад, РЦИ-Аланийы спорты министрад, Уæрæсейы спортивон хъæбысхæсты федераци æмæ РЦИ-Аланийы спортивон хъæбысхæсты федераци.