Херсоны областы æрурæдтой теракттæ цæттæгæнæг УÆС диверсантты

Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 ноя — Sputnik. Уæрæсейы ФÆС фехъусын кодтой Херсоны областы кæй æрурæдтой Украинæйы æдасдзинады советы (УÆС) фараст диверсанты. Куыд радзырдтой уагоны, афтæмæй фыдгæнджытæн сæ нывæзты уыд бынæттон чиновникты ныхмæ теракттæ саразын.

"Херсоны областы территорийыл раргом кодтой æмæ æрурæдтой УÆС-ы диверсион-сгарæн группæйы архайд. Уыдонæн сæ архайды нысан уыд уæлдæр лæууæг Херсоны областы æфсæддон-граждайнаг администрацийы минæвæртты ныхмæ теракттæ саразын", - дзырдæуы службæйы хъусинаджы.

ФÆС-ы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фыдгæнджыты къухдариуæгтæ уыдысты УÆС-ы кусджытæ Самир Шукюров, Виктор Хомяк æмæ Дмитрий Сидей, кæдон сты регионы æддæйæ.
Фыдгæнджытæй байстæуыд пластиды фондз килограммæй фылдæр, электроденотатортæ, æххæстгæнæн арæзтадтæ, æртæ цæттæ украинæйаг æфсæддон гранатæйы, æхсæн хæцæнгарз æмæ хæстæрмæг, сæрмагонд сгарæн мадзæлттæ.
Тыхон структурæтæ ссардтой æмæ æнæзианхъом скодтой минæгонд автомобиль, уыцы автомобилæй диверсанттæ хъуамæ спайда кодтаиккой сæ фыдракæнды.
Фыдгæнджыты ныхмæ бакодтой уголовон хъуыддаг УФ УК 362 уацмæ гæсгæ ("Æхсæнадæмон терроризмы акт"). Хъуыддаджы фигуранттæ сты ахст.
Ног хабӕртты лентӕ
0