Мыггæгты тох. Карсанатæ æмæ Дауыратæ. Джыккайты Тоти

Мыггæгты тох
Рафыссын
Карсанатæ Тæгиатыл нымад уыдысты. Ацы хъæуы [1] тæгиатаг æндæр нæ уыди. Махæн нæ фыдæлтæ Уыналы цардысты. Нæ мæсыг нырма уым ис. Нæ фыдæлтæ ардæм куы ралыгъдысты, уæд уыдысты куырдтæ. Адæм сæ сæхæдæг ракодтой ардæм. Уыдон ам кусынтæ байдыдтой, кусынтæ байдыдтой æмæ зæххытæ дæр æлхæдтой. Нæ фыдæлтæ хъæздыгдæр кæй уыдысты, уый Тæгиатæ сæ сæрмæ нæ хастой.
Иу хосгæрдæны Тæгиатæ сæ бæх быругонд уыгæрдæнмæ нылластой, мах уыгæрдæнмæ, æмæ йæ уым бæндæнæй бабастой. Махæй иу лæг Хъахъхъæдурæй [2] рацæйцыди æмæ, уыгæрдæны бæх куы федта, уæд æм баздæхти, ам уыгæрдæн куы фесæфта, зæгъгæ. Бæх бæндæнæй бастæй куы федта, уæд ын æхсаргардæй йе счъилтæ суагъта æмæ йæ амардта.
Бæхы мардмæ Карсанатæ махæн нæ иу æфсымæры амардтой, фыййау уæвгæйæ. Иннæ æфсымæрæн йæ къухы уыцы сахат йæ туг райсын нæ бафтыд. Фæлæ-иу сæм æртхъирæн кодта, кæуылдæриддæр сæмбæлон Тæгиатæй — нæлгоймагæй, сылгоймагæй,— кард сæ нæ раздахдзынæн, зæгъгæ. Карсанатæн та уыди дыууæ мæсыджы хæцынæн. Мах фыдæлтæн та иунæг мæсыг уыди.
Карсанатæ сæхи хъахъхъæнын байдыдтой. Куы ницыуал амал уыди туг райсынæн, уæд сæ фаллаг мæсыгæн хицон скодтой æмæ базыдтой, мæсыг искуы цух вæййы æви нæ. Уыцы хицон сын загъта: "Бонрæфты сæ фале ададжы донмæ сæхи найынмæ ацæуынц".
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0