Мыггæгты тох. Хъессаты мыггаджы равзæрд

Мыггæгты тох
Рафыссын
Дзуары Хъессатæ куывд кодтой. Уыдон æрæмбырд сты иууылдæр æмæ æнæ скувгæйæ хъазт сарæзтой.
Уæд Уастырджи бæхыл хъазгæ рацæйцыд æмæ сæм кæсы. Уым зæронд лæг фестад æмæ сæм дзуры: — Хъессатæ, фарн уæ хъазты æмæ уæ куывд барст уæд!
Уыдон æм сæ хъалæй дзурынц: — Æгас цу, зæронд лæг, мæнæ уал нæ хъазтмæ рацу!
— Куы мæ ныууадзиккат, æз мæнæ мæгуыр, фæллад зæронд лæг дæн.
— Рацу уал, уæдмæ нæ куывд дæр цæттæ кæндзæн!
Зæронд лæг семæ симын райдыдта. Дыууæ зылды æркодта. Æртыккаджы згъæлын байдыдтой Хъессатæ. Уый Уастырджи йæхæдæг уыди зæронд лæджы хуызы, фæлæ уыдон æнæ скувгæйæ хъазт кæй сарæзтой, ууыл сæм фæмæсты.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0